Хъарм дзаумæттæ суæвыны размæ хъæуы бакуысты бирæ къæпхæнтæ ацæуын. Æрмæг бацӕттӕ кӕнын, хæйттыл ныддих кæнын ӕмӕ йӕ ӕрмӕст уый фӕстӕ арвитын хуыйынмӕ. Алцыдæр райдайы хомагимæ архайдæй.
Хæрзхъæд хъуымацӕй конд дзаумӕттӕн ӕппӕты фыццаг хъæуы къуымбил.
Фӕлӕ уый цӕттӕ ӕрмӕг нӕма у. Тæгтæ куы асгарынц, уӕд сӕ саразынц иу стыр хай ӕмӕ сӕ арвитынц дарддӕр – хицӕн элементтæй иу цикъӕ кӕм рауайы, уырдӕм.
Цӕттӕ æрмæг кусæнгарзæй рацӕуы тыхтонæй. Ныр дзы спайда кӕнӕн ис бӕлвырд дзаумӕттӕн. Зӕгъӕм, къахыдарæс сцæттæ кæнын тыххӕй тыхтон раздӕр бацӕуы ныддихтæ кӕнынмӕ – ам ӕрмӕгӕй аразынц фидӕны дзаумайы хæйттæ.
Дарддӕр — формовкӕ. Иу бавнæлдæн ам акалынц цалдӕр ӕмхуызон хайы. Ӕрмӕг ӕвӕрынц фӕлтӕргай — уый фадат дӕтты иу къайы хӕйттӕ раст иухуызон райсынӕн. Æрмæг куы сцæттæ вæййы, уӕд æй арвитынц хуыйӕн цехмӕ.
Хуыйӕн цехы та дзаумайæн фӕзыны хуыз ӕмӕ кӕронбӕттӕн формӕ. Ӕппӕт архайд дӕр у лыстӕг хъуыддӕгты онг нывылгонд, специалисттӕ сӕ хъус дарынц алы фæзилæнмæ дӕр.
Афтӕ иу тыхтонæй рауайы цӕттӕ хӕдзарон къахыдарӕс. Куыстуат ма уадзы национ дарӕсы æндæр элементтæ дӕр. Хи продукци ам уадзынц ныр æртын азы онг.
Фӕлӕ уый у, ам цы ӕрмӕг конд цӕуы, уымӕй кӕм пайда кӕнынц, ӕрмӕст уыцы къабӕзтӕй иу. Хомаджы сӕйраг хай ацӕуы ӕндӕр куыстуӕттӕм – фыццаджыдӕр къахыдарӕсы промышленностьмӕ.
Æппӕт къæпхæнтæ ам фенæн ис комкоммӕ цехты. Хæрзхъæд хъуымацӕй конд продукци фӕстагмӕ агургӕ свӕййы æрмæст бынӕттон ӕлхӕнджыты ‘хсӕн нӕ, фӕлӕ ӕппӕт бӕстӕйы куыстуӕтты ‘хсӕн дӕр.
Милдзыхты Амалия, Лаура Марышева
















