300 льготон ӕфстауӕй фылдӕр 370 милуан сомæн райстой Цӕгат Ирыстоны амалхъомтæ ӕмӕ хӕдархайджытӕ фӕстаг 3 азы дӕргъы. Уый тыххæй фехъусын кодта Сергей Меняйло. Сӕргълӕууӕг куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй уый у хорз бæрæггæнæн ӕмӕ, сӕйрагдӕр, ӕцӕг ӕххуыс, йӕ хъуыддаг чи рӕзын кӕны, уыдонӕн. Микрофинансты фонды фӕрцы чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомады минӕвӕрттӕн сӕ бон райсын у ӕнцонвадат ӕфстӕуттӕ 3 млн сомы онг. Регионы разамонӕг бафтыдта, мадзал ӕххуыс у рӕзын, куыстад уӕрӕхдӕр кӕнын, ног здӕхтытӕ гом кæнын ӕмӕ куысты бынӕттӕ аразынӕн.
















