Хъæдгæроны байгом кæндзысты цыртдзæвæн хæстон-интернационалист, Италийы ныхмæлæуды дыууæ хатты хъæбатыр Гиоты Алыксандрæн. 5-æм майы Хъæдгæроны ацæудзæн къорд мадзалы. Фыццаджыдæр, не ‘мзæххон партизаны тыххæй ист документалон киноныв.
Кинонывы автор Хæблиаты Владислав. Гиоты Алыксандры тыххæй кинолентæ у «Один из нас…» проекты фæлварæн сери. Сæйраг хъуыды – фæлтæрты бастдзинад, фæсивæды сæ хъæбатыр фыдæлты историимæ зонгæ кæнын. Сценарийы бындурыл райстой Андрей Виноградскийы документалон радзырд «Сандро». Æвдыст дзы цæуынц, Италийы 1944 азы цы цаутæ цыд, уыдон.
















