6 милуан сомы та Хуссар Ирыстоны хицауады фæстауæрцгæнæн фондæй бафиддзысты республикæйы медицинон кусджытæн. Æхцайы фæрæзтæ снысан кодтой, коронавирусимæ цы медицинон кусджытæ тох кæнынц, уыдоны мыздæн.
Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады нымадмæ гæсгæ, æппæт хæрдзтæн дæр хъæуы 6 милуаны æмæ 500 мин сомы. Финансты министры хæдивæг Тыбылты Маринæ куыд бафиппайдта, афтæмæй раздæр бюджеты фæдыл закъон йæ тыхы нæ бацыд, æмæ уымæ гæсгæ хъæугæ фæрæзтæ дихгонд не ‘рцыдысты. Бавналын бахъуыд фæстауæрцгæнæн фондмæ.
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъуыддаг ахæм хуызы аиуварс кæнын бахъуыд бæрæг аххосæгтæм гæсгæ – республикæйы парламент йæ куысты домæнтæ афоныл нæ сæххæст кодта.
















