Коронавирусæй рынчынты нымæц Цæгат Ирыстоны ацы сахатмæ у 921. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 85 адæймаджы. Уый тыххæй хъусын кæнынц нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджытæ.
Рынчынтæ исынц æмбæлгæ медицинон æххуыс, дохтыртæй сæм лæмбынæг каст цæуы. Хæстæг чи æмбæлыд æмæ семæ ныхас чи кодта, уыдонмæ дæр сæ хъус дарынц. 86 адæймаджы коронавирусæй сдзæбæх сты.
















