«Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы æрдзон фыдблызы амæттæгтæ фылдæр уыдаиккой», – дзуры театр Нарты бæхты труппæйы разамонæг Пагæты Алик. Уый дæр хъуамæ архайдтаид киноныв «Связной»-ы. Фæлæ йæ амондæн фыццаг бон коммæ ацæуын йæ бон не сси. Ныр цавæр цæстæй кæсы йæ цардмæ, фыдблыз ын æй зондахаст куыд аивта æмæ ныр Хъолайы цъитийы тыххæй иртасджытæ цы зæгъынц?
16 азæй фылдæр Пагæты Алик æрбацæуы Хъолайы амæттæгты номыл цыртдзæвæнмæ. Уæд, мит æмæ дурты змæстæй хур куы нал зынд, уыцы бон нырма дæр ма йæ цæстыты раз ис. Алы минут дæр хъуыды йæ кæны. Ам фæмард сты йе мбæлдтæ æмæ йе мкусджытæ. Архайдтой Сергей Бодровы киноныв «Связной»-ы. Цалдæр дублы, цалдæр райдзаст æрдзы кадры, уый фæстæ сфæлдыстадон къорд бæрæг кодта фыццаг кусгæ бон æмæ араст Дзæуджыхъæумæ. Фæлæ хъыгагæн, фæндаджы бардуæгтæ сæ фарс нæ уыдысты. Иу дæр дзы йæ хæдзарыл нал сæмбæлд. Семæ хъуамæ уыдаит Алик дæр.
Куыд рауад афтæ? Ацы фарстайæн Алик йæхæдæг ныр дæр ма раст дзуапп не ссардта. Амонд йеддæмæ йæ ницы хоны. Уыцы бон фыдбылызæй æрмæст Алик нæ бахызти.
Хъолайы цъитийы ламидоны бын 125 адæмагæй фылдæр фесты. 19 марды ссардтой, иннæ 106 нырма дæр ма æбæрæг сты. Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цы цъитийы хай атыдта æмæ æрхауд, уый уыд 100 метры фæтæнæн, йæ уæрх 200 метры, йæ дæргъ 5 км. Ком йæ сæрыл ахаста, йæ размæ цы уыд, уый йæ быны ссæста, афтæмæй ламидон æрæмбæста комы 11 км.
Фыдбылыз цас зиан æрхаста æмæ йæ фæстиуджытæ рабæрæг сты æрмæстдæр райсомæй. Чи дзы фæмард, уыдоны хсæн сты бынæттон цæрджытæ æмæ Сергей Бадровы сфæлдыстадон къорд. Кæм фесæфтысты, уыцы бынат ныр дæр ма бæлвырд бæрæг нæу. Фæлæ бирæты хъæуыдымæ гæсгæ, фæмард сты мæнæ ацы тъунелы. Ардæм ирвæзынгæнджытæ фæндаг 2 азы къахтой, цæмæй дзы исты уæддæр ссарой. Царды мæнгард митæ – ирвæзынгæнджытæ пайдайаг хъуыддагыл куыстой, фæлæ сæ къухвæллой кæйдæр ингæн сси.
Ирвæзынгæнджытæ æмæ бархионтæ кæм æрбынат кодтой, уым ныр ис цыртдзæвæн. Саударæг мад стыр дуры цур. Къæйыл та фыст сты Хъолайы амæттæгты нæмттæ. Цъити никæуыл бацауæрста, иунæджы дæр йæ уацарæй не суæгъд кодта, йæ фæстæ ницы ныууагъта. Адæмы удтæ дæр ныммур кодта.
Иртасджыты ныхæстæм гæсгæ, Хъолайы цъити фыццаг хат нæ ратыдта. 1834 азы йæ быны фесты цалдæр хъæуы. 68 азы фæстæ та – ногæй ратыдта. Уæд фесæфтысты дæсгай адæймæгтæ. Фæлæ 2002-æм азы хуызæн æрдзон фыдбылыз никуыма уыд. Уыцы хъуыдыйыл хæст у геологон æмæ минералогон наукæты доктор Игорь Васьков.
Геологон æмæ минералогон наукæты доктор, Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты профессор Игорь Васьков: «Хъолайы цъити йæ бынатæй сызмæлын кодта тыхджын цæф. 3 мегатонны бæрц. Уыцы уæззау цæфæй та Джимарайы хохæн йæ иу хай фæкъæрт ис. Йæ уæлæ ихтæ афтæмæй. Сæ бæрц уыди 65 милуан кубометры, цы дзы рацыд уый та 35 милуан кубметры уыд. Æмтгæй та йæ уæз – 100 милуан тоннæйы».
Профессоры ныхæстæм гæсгæ, ахæм æрдзон фыдбылыз кæд æрцæудзæн, уый ныр æнцонтæй базонæн ис. Уый тыххæй æрхъуыды кодтой, æрдзон фыдбылызтæ чи иртасы, ахæм прибортæ. Гæналдоны коммæ æмæ Хъолайы цъитимæ уæлдай цæст дары Цæгат Ирыстоны Гидромецентр дæр. Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хохы рахиз фарс сабыргай тайы æмæ лæгъз кæны. Ома, йын æрхауынæй тæссаг нæу. Уый та ууыл дзурæг у æмæ Хъолайы цъитийы хуызæн фыдбылыз, хъуамæ мауал æрцæуа.
















