Æппынæдзух тренировкæтæ, размæ æвæрд хæстæ æмæ, æнæмæнг, дисциплинæ. Грекъаг-ромаг хуызы хъæбæсæйхæцджытæ Абациты Рустем æмæ Беслехъоты Зауыр тренерты амындзинæдтæ алкæддæр бæстонæй æххæст кæнынц. Архайынц сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Æрæджы дунейы ерысты Стамбулы систы хуыздæртæ. Сæ ныхмæ фидар спортсментæ æрлæууыд, фæлæ нæ богæлттæ разындысты тыхджындæр. Афтæмæй, сыздæхтысты сыгъзæрин майдантимæ. Фидæнмæ пълæнтты тыххæй æрыгон адæм радзырдтой нæ уацхæсджытæн.
Абациты Рустем афæдзы райдиан архайдта Цæгат Кавказы федералон зылды ерсты грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Йæхи дзы æнтыстджынæй равдыста. Æрæджы та ногæй уыд хуыздæрты хыгъды. Æрыгон спортсмен рамбылдта дунейы чемпионаты Стамбулы 45 киллограмы уæзы. Финалы фæуæлахиз Азербайджаны минæварыл. Уыимæ гауызыл сæ фæмбæлд фыццаг нæ уыд. Тох рауад цымыдисаг.
Дунейы чемпионатæй ма сыгъзæрин майдан сласта 17-аздзыд Беслехъоты Зауыр. Хъæбысхæсты йæхи фæлвары 9 азы. Ацы ерыстæм йæхи цæттæ кодта 4 мæйы дæргъы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын æппæты зындæр уыд йæ уæз æмбæлгæ уагмӕ æркæнын. Кæд æнцон нæ уыд, уæддæр бырста æрмæст уæлахизмæ.
Лæппутæ хъæбысхæсты дарддæр дæр архайынвæнд кæнынц. Рустем æмæ Зауыр тренировкæ кæнынц Гуыдиаты Илья æмæ Гаглойты Вахтангмæ. Цæттæгæнæн хæслæвæрдтæ алкæмæн дæр хибарæй цæттæ кодтой сæ уæзмæ гæсгæ. Тренеры ныхæстæм гæсгæ, дыууæ спортсмены дæр раззагдæртимæ æрлæууыны аккаг сты. Уымæн æмæ сæхиуыл æнæвгъауæй кусынц.
Дунейы чемпионаты уæлахиздзау суæвын сæрыстырдзинад у. Бирæ сын бантыст ныридæгæн. Ныфс нæ ис æмæ дарддæр дæр Уæрæсе æмæ Ирыстоны тырысатæ бæрзонд кæй исдзысты. Уæлдайдæр та Олимпаг хъæзтыты.
















