Доны фарстатыл æрныхас кодта Дзанайты Барис цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады хъуыддæгты фæдыл кусæг æмбырды. Премьер куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Горæтгæроны, Æрыдоны, Алагиры, Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районты цæрджытæй бирæтæ хъаст кæнынц, дон сæм æппындæр кæй нæ кæлы, кæнæ сæм фаг кæй нæй, уæмæй.
Дзуапдæттæг министр Таматы Майрæн куыд радзырдта, афтæмæй специалисттæ кусынц алы курдиатимæ дæр. Радхæссæг хæдтулгæтæ бынæттæм дæр ацæуынц, дон дæр цæрджытæн баласынц. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, сæйраг аххосаг у сæрдыгон донæй цæрджытæ фылдæр кæй пайда кæнынц, уый. Адæм ма хъаст кæнынц электрон тых дæр къуылымпытимæ кæй хъæццæ кæны, ууыл.
Дзырдтой ма Алагиры хъармгæнæн системæ сног кæныныл дæр. Хъуамæ 21 хъармгæнæны бындуронæй рацаразой æмæ сног кæной; 15 хъармгæнæны та фестырдæр кæной. Кæцытæ дзы нал бæззынц, уыдон та сæхгæндзысты. Уыцы нысантæн радих кодтой 200 милуан сомы. Ныртæккæ цæттæ кæнынц проекты сметæйы гæххæттытæ.
















