preloader
сейчас в эфире
05:05
МУЛЬТФИЛЬМЫ 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ +
05:25
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ +
ТВ ПРОГРАММА
МУЛЬТФИЛЬМЫ 12+
close

Абон 95 азы сæххæст Цæгат Ирыстоны фыццаг президент Галазты Æхсарбеджы райгуырдыл

15.10.2024 20:42

Галазты Æхсарбегæн йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Йæхицæн скодта стыр ном.

Куырыхон зонды хицау, цæсгомджын æмæ дардмæуынаг. Стыр зæрдæимæ адæймаг æмæ йæ республикæйы патриот. Ахæмæй Галазты Æхсарбеджы хъуыды кæнынц, чи йæ зыдта, уыдон. Йæ райгуырæн хъæу Хуымæллæджы ахуыргæнæгæй кусгæйæ æнхъæл дæр нæ уыд, йæ адæмæн бирæ хæрзты кæй бацæуыдзæн, уый. Йæ хъысмæт æнцон нæ уыд. Сывæллонæй бавзæрста зындзинæдтæ. Уымæ гæсгæ рауад удæй фидар.

Цыбырты Людвиг Галазты Æхсарбеджы хъуыды кæны куыд хистæр хæлары. Уый алкæддæр цæттæ уыд адæймаджы фарсмæ балæууынмæ, йæ бон куыд уыд, афтæ иу баххуыс кодта. Арæх иу сæм рауад ныхас æддагон æмæ мидæггаг политикæйы фарстатыл. Галазты Æхсарбег Ирыстон Цæгат æмæ Хуссарыл нæ дих кодта. Иухуызон архайдта дыууæ республикæйы цард фæхуыздæр кæныныл.

90-æм азтæ Горæтгæрон районы уæззау уавæрты рæстæг дæр иу Галазы фырт йæхимæ ссардта тыхтæ æфсымæрон республикæйы интерестæ бахъахъхъæнынæн.

Галазты Æхсарбег ахста бæрнон куысты бынæттæ. Уыд Цæгат Ирыстоны Автономон Советон Социалистон Республикæйы
рухстауынады министр, ЦИПУ-йы ректор, Уæлдæр Советы сæрдар. Республикæйæн разамынд куы лæвæрдта, уыцы рæстæг та нымад у регионы историйы уæззаудæрыл. Советон Цæдæс куы фехæлд, уæд социалон-экономикон уавæр фæцудыдта. Фæлæ Галазты Æхсарбег йæхи цæсгомджынæй равдыста. Тыхст рæстæг адæм удæнцой ссардтой спорты. Уый ‘руаджы рахызт ног æмвæзадмæ. Галазы фырты номимæ баст сты “Спартак-Дзæуджыхъæу”-ы егъау уæлахизтæ. 90-æм азы командæ уæлдæр лигæмæ куы бахауд, уæд стадион хъуыд фестырдæр кæнын. Дыууæ мæймæ дзы арæзт æрцыд 10 мин ног бынаты. Къорды капитан Джиоты Иналы мысинæгтæм гæсгæ, уæд куыст иу минут дæр не ‘рлæууыд.

Назим Гиджратийæн Цæгат Кавказы егъаудæр паддзахадон университеты уæды ректоримæ базонгæдзинад рауад хъомысджын. Уыдон фембæлдысты 1977 азы Цыколайы ‘рдыгæй археологон къæхтытæ куы цыд, уæд. Галазты Æхсарбег Ленинграды уæлдæр ахуыргæнæндоны рауагъдоны фæхуыдта Ирыстоны археологийыл бакусынмæ. Æмæ ныр 50 азæй фылдæр Назим Гиджрати йæ равзæрст дæсныйадыл æнувыд у. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Галазты Æхсарбеджы фæрцы бæстæйæн уæззау азты бахъахъхъæдтой сæрмæтты сызгъæрины æвæрæнтæ. Галазы фырты фæрцы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты бындурыл байгом музей хъæздыг экспонаттимæ. Фенæн дзы ис Алантæн базарадон-экономикон бастдзинæдтæ цы бæстæтимæ уыд, уыцы рагон дуджы дæсныты куыстытæ.

Галазты Æхсарбегæн йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Йæхицæн скодта стыр ном. Абон дæр æй нымайынц æмæ йын стыр аргъ кæнынц. Ирон адæмы кадджын фырт баззайдзæн адæмы зæрдæты, дæнцæгæн хæссинаг уыдзæн бирæ фæлтæртæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое