Абон чырыстон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц Майрæмы куадзæн. Хъобаны сылгоймæгты фидæны моладзандоны фæзуатыл Чырыстийы райгуырды аргъуаны æрæмбырд дæсгай уырнæг адæм. Аргъуыды рæстæг æрхъуыды кодтой, 2 мин азæй фылдæр цы цаутæ рацыд, уыдон. Радзырдтой, Мады Майрæммæ Хуыцауы сусæгдзинæдты æргомгæнæг Архангел Гавриил куыд фæзынд æмæ фехъусын кодта, йæ зæххон цард кæронмæ кæй æрцæуы. Фæлæ, Мады Майрæм дæр, Чырыстийау, мæлæтыл фæуæлахиз.
Абон кæронмæ æрхæццæ комдарæн дæр. Уырнæг адæм дыууæ къуырийы дæргъы уыдысты хиуылхæст. Ам сæм бынаты æнхъæлмæ кастысты фынгтæ æмæ чысыл концерт.
















