Абон Санкт-Петербург æмæ æгас бæстæйы дæр мысынц Ленинграды блокадæйы амæттæгты. 872 боны адæм цардысты сæрибармæ æнхъæлмæ кæсгæйæ.
Советон æфсæдтæн немыцаг фашистты басастой æрмæстдæр 1944-æм азы 27 январмæ. Зæгъæн кæмæн нæй, ахæм æвирхъау къæлæты бахауд 2 милуан 500 мин адæймаджы. Фашистты аххосæй уыдонæй амард 1 милуан 500 мин адæймаджы. Горæт суæгъд кодтой 77 азы размæ. Абон Петербурджы музейты байгом кодтой тематикон равдыстытæ.
Ленинграды цæрджыты хъæбатыр цаутæ æрхъуыды кодтой Цæгат Ирыстоны дæр. Акцийы фæлгæты, йæ архайджытæ бацæттæ кодтой сæрмагонд стендттæ Ленинграды æрхъулайы тыххæй, стъæлттыл равæрдтой, хæсты заманы Ленинграды цæрджытæн цы дзулы къæбæртæ лæвæрдтой, раст ахæмтæ. Мадзал бацæттæ кодтой æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ, фæсивæды патриотон хъомылады центры минæвæрттæ æмæ скъоладзауты уæрæсейаг змæлды активисттæ.
Адæмæн радзырдтой блокадæйы 1 мæйы фæстæ дзулы бæрц 125 граммы кæй уыд, æмæ æндæр æцæг хабæрттæ. Акцийы архайджытæн сæ бон райсын уыд сæрмагонд буклеттæ. Ныффыстой дзы, Ленинграды цæрджытæ куыд хъизæмар кодтой уыцы бонты, уый тыххæй.
















