preloader
сейчас в эфире
05:58
МУЗЫКÆ 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКÆ 12+
close

Хæдзар-интернат “Узæлд”-ы цæрджытæн ææпæт уавæртæ дæр ис

2.07.2026 15:21

Кусджытӕ æппынæдзух сӕ квалификаци бӕрзонддӕр кӕнынц. Æрæджы сын дохтыр-психиатр Харебаты Леуан скодта цымыдисаг лекци. Программӕ “Стоп-деменция “-мӕ гӕсгӕ радзырдта чысылмобилон ӕмӕ хуыссæнуаты чи ис, уыцы адæмимæ куысты хицӕндзинӕдты тыххӕй. Ахӕм фембӕлдтытӕ арӕхдӕр аразынмӕ хъавынц, специалистты уырны, уыдон хорзы ‘рдӕм ахадынц царды хӕрзхъӕддзинадыл.

Сидахъаты Зæирӕ у Плехановы академийы рауагъдон, инженер-технолог. Бирæ азты куыста разамонӕджы бынӕтты. Афӕдзы размӕ сылгоймаг иунӕгӕй баззад. Йæ фæллойадон фӕлтӕрддзинад ын ӕххуыс у дисциплинӕйӕн аккаг аргъ скӕнынӕн. Заирӕ уайтагъд ссардта хæлæрттæ: ныхас кӕны йӕ сыхӕгтимӕ, архайы психологтимӕ интеллектуалон тренингты ӕмӕ тезгъо кӕны. Йæ зæрдæ ма дары ам йæ æнæниздзинад фæфидар кæныныл дæр.

Ам æппынæдзух архайынц рӕзыныл. Ногдзинӕдтӕй иу — программӕ «Тактильная забота», зæгъгæ. Специалисттӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕстӕй чи нӕ уыны уыдонӕн хибарӕй цӕуын ахуыр кӕнынӕн, хи ныфсджынӕй ӕнкъарынӕн ӕмӕ ма суанг спортӕй архайынӕн дӕр. Ацӕргӕ адӕмимӕ кусынц психологтӕ ӕмӕ инструктортӕ адаптивон физкультурæйæ.

Кусджытӕ æппынæдзух сӕ квалификаци бӕрзонддӕр кӕнынц. Æрæджы сын дохтыр-психиатр Харебаты Леуан скодта цымыдисаг лекци. Программӕ “Стоп-деменция “-мӕ гӕсгӕ радзырдта чысылмобилон ӕмӕ хуыссæнуаты чи ис, уыцы адæмимæ куысты хицӕндзинӕдты тыххӕй. Ахӕм фембӕлдтытӕ арӕхдӕр аразынмӕ хъавынц, специалистты уырны, уыдон хорзы ‘рдӕм ахадынц царды хӕрзхъӕддзинадыл.

Уды хъару фылдæр кæныны фадат дӕтты алыхуызон архайд. Цæрджытæ цӕуынц спортивон залмӕ, хъазынц шахмӕттӕй, лотойӕ, æппынæдзух архайынц интеллектуалон викторинӕты, бацæттæ кæнынц фынгтæ. Уавӕртæй æххæст. Ӕрӕджы аивадон училищæйы студенттӕ интернаты къултӕ саив кодтой ирд нывтӕй. Палатӕты удӕнцойӕн сӕвӕрдтой “зондджын ” колонкæтæ. Уыдон ӕххуыс кӕнынц ацӕргӕ адӕмӕн ӕнӕ къуылымпыйæ рухс скусын кӕнынӕн, кӕнӕ та, зӕгъӕм, телевизор ахуыссын кӕнынӕн. Ӕххӕстӕй ифтонг у медицинон блок дӕр.

Ныртӕккӕ хӕдзар-интернаты æппынæдзух цӕры 136 адӕймаджы. Ӕмӕ алкӕмӕ дӕр ам ис сӕрмагонд ахаст. Къӕрцхъус кусджыты фӕрцы та ацӕргӕ адӕм ӕнкъарынц уарзондзинад, хъарм ӕмӕ узæлд.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Песни под звездами I 16.08.2026
16.08.2026
В итоге: 16.08.2026
16.08.2026
Медикум I 16.08.2026
16.08.2026
Ретро-концерт | 16.08.2026
15.08.2026
15.08.2026 I Бинонтæ.Таратæ
15.08.2026
15.08.2026 I Кувæг Ир
15.08.2026
15.08.2026 I Гвардия
15.08.2026
Аланы в Китае | Ход истории
14.08.2026
14.08.2026 | Хæдзарадон
14.08.2026
Медовый Спас! I Доброе утро, Осетия!
14.08.2026
Бизнес сфера I 13.08.2026
13.08.2026
Выставка Владимира Соскиева во Владикавказе, сахарный диабет в Северной Осетии и актуальные новости недели | Самое время
13.08.2026
Ирон чат. Æгайт ма! I 13.08.2026
13.08.2026
13.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.08.2026
Дело мастера I Карина Дзабиева
12.08.2026
Все рекомендуемое