Абон социалистон фæллойы хъæбатыр, зындгонд ихсæттæг нау “Арктикæ”-йы капитан Кучиты Юрийы райгуырдыл æххæст кæны
105 азы.
Полярон экспедициты хъуыстгонд архайæг, Цæгатаг полюсмæ фыццаг чи бахæццæ, уый цыртдзæвæны цур Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ сарæзтой номарæн мадзал. Уый сын ныридæгæн сси традици. Сывæллæттæ радзырдтой Кучиты Юрийы сгуыхтдзинæдты тыххæй, бакастысты æмдзæвгæтæ. Суанг ма национ кæфтытæй дæр барæсугъд кодтой мадзал. Уый фæстæ ма дыккæгæм кълæсты ахуырдзауты кадджын уавæры райстой Кучиты Юрийы номыл къордмæ. Бæрæгбоны ма архайдтой Кучиты мыггаджы минæвæрттæ, Хæлардзинады республикон хæдзар æмæ Уырыссаг географион æхсæнады регионалон хайады уæнгтæ.
















