Æрыгон курдиатджын актерты цæстæй Александр Пушкины чысыл трагедитæм гæсгæ æвæрд спектакль.
Равдысты ирд премьерæ ацыд Дзæуджыхъæуы. Цыппар драмæйы æмæ цыппар уацы. Ацы мадзалмæ чысыл актертæ сæхи зæрдæргъæвдæй цæттæ кодтой сæрды мæйты. Сывæллæттæн сæрмагондæй сарæзтой “театралон резиденци”. Сценикон дæсныйады æмæ гримы сусæгдзинæдтыл сæ ахуыр кодтой фæлтæрдджын педагогтæ. Спектакль сæвæрынмæ та сын æххуыс кодта зындгонд режиссер Зассеты Батраз. Проекты хъомыс нырма ныр рæзы. Фæнд ма кæнынц тымбыл стъолы фембæлдтытæ саразын дæр. Бакусдзысты ма егъау концертыл, равдисдзысты йæ Паддзахадон академион театры сценæйыл. Ахæм парахат программæ сæххæст кæнын бантыст культурон хъæппæристы президентон фонды гранты æххуыссæй.
















