Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц нæ бæстæйы вазыгджындæр бæрæгбæттæй иу – Конституцийы бон. Цæгат Ирыстоны цæрджытæн уый фæдыл арфæ ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Цæрджыты бартæ æмæ хæстæ кæм фидаргонд сты, бæстæйы уыцы сæйраг закъон регионы разамонæг схуыдта Уæрæсейы ныры æмæ фидæны стабилон царды æвдисæндар. Ныртæккæ нæ бæстæйы у зын рæстæг: сæрмагонд æфсæддон операцийы мах хъахъхъæнæм нæ бартæ, сæрибардзинад, хæдбардзинад æмæ хæдуагæвæрдæд. Тох кæнæм нæ хæзнатыл, нæхи бон уынаффæтæ хæссын куыд уа, стæй цы фæндаг куыд æвзарæм нæхæдæг, ууыл!
Мах хъахъхъæнæм, Уæрæсейы Федерацийы ног регионты чи цæры, уыцы адæмы. Абон уыдон сты нæ бæстæйы цæрджытæ, æмæ сæ хъахъхъæны тыхджын паддзахад, конституцийыл æнцайгæйæ. Сергей Меняйлойы уырны, ныртæккæ не ‘ппæтæн дæр иуыл вазыгджындæр у хъæддыхæй фæллой кæнын, нæ тыхтæ баиу кæнгæйæ æмæ æнгæм лæугæйæ. Алкæмæн дæр йæхи бынаты йæ бон скæнын у бирæ нæ Фыдыбæстæйы рæзтæн! Æрмæстдæр афтæмæй нæ бон суыдзæн нæ Фыдыбæстæ, нæ уарзон республикæ æмæ йæ алы цæрæджы амондджын цард сфидар кæнын!
















