Адæймаджы лæмæгъ иммунитеты тыххæй вирус кæмæ рабæрæг, уыдоны нымæц ацы азы фыццаг кварталы фæкъаддæр дыууæ хатты, фароны уыцы æмгъуыдимӕ абаргæйæ.
Цæгат Ирыстон нæ бахауд бæстæйы 30 субъекты ‘хсæнмæ, низимæ баст бæрæггæнæн нормæйæ уæлдæр кæм у. Адæймаджы лæмæгъ иммунитеты вирусимæ æмæ ӕндӕр инфекцион низтимæ профилактикæ æмæ тохы республикон центр æппынæдзух информацион кампанийы архайы ахуырадон уагдæтты. Специалисттæ æххæст кæнынц сæрмагонд мадзæлттæ. Снысан кодтой бынативгæ къордтæ барвæндон æмæ сусæг консультатицитæн. Уыимæ ма лæвар медицинон иртæстытæ ацæуынӕн низ раиртасыны фæдыл.