Бирæфатерон хæдзармæ бахизгæйæ адæймаг æвзæр тæф бамбары. Фатерты дæр уавæр хуыздæр нæу.
Валентина Артёменкойы цæрæн бынаты пъол донæй байдзаг. Цæрджытæ хуыздæры тыххæй курдиатимæ фæсидтысты бындурон цалцæджы фондмæ, баивын сын кодтой коммуникацитæ. Специалисттæ ма рахастой уынаффæ хæдзары сæр баивын, цыбыр рæстæгмæ йæ систой, фæлæ йæ ногæй бамбæрзын ферох кодтой. Куыстытæ æххæст кодтой афæдзы æрдæг. Уыцы рæстæгмæ алы къæвдайы дæр цæрджытæ катайы цыдысты.
Цар æвиппайды тæдзын нæ райдыдта. Гипсокартон уымæлад йæхимæ сцъырдта. Кусджытæн бузныг, адæмы сæ бæллæхимæ иунæгæй нæ ныууагътой. Куыд сæ бон уыд, афтæ бавнæлдтой хъуыддаг хуыздæр кæнынмæ, фæлæ бынтон раст архайд нæ равзæрстой. Зæгъын ма хъæуы уый æмæ подрядчик уавæры тыххæй фыццæгтимæ зыдта.
Мартъийы къæвдатæ куы сарæх сты, уæд уавæр фæфыддæр. Цартæ цыхцырджытæ фестадысты, доны уæзæй иу æркалдысты. Къултæ хъуына кæнын райдыдтой, электрон тыхдæттæн телтæ иу ссудзынвонг уыдысты, ныртæккæ дæр рухс æппæт фатерты нæй. Уавæр аиуварс кæнынмæ уайтагъд февнæлдтой разамындæттæг компанийы, йæ разамонæг райдыдта фарстатæ иуварс кæнын.
Куыстытæ æххæстгæнджытимæ цæрджытæ фембæлдысты. Зæрдæ сын бавæрдтой æппæт хæрдзтæ сæхимæ райсынæй.
Фæлæ цары æмæ фатерты цалцæг ныддæргъвæтин. Амалхъом адæймаг Джыккайты Гиви куыд зæгъы, афтæмæй адæмы раз сæ ныхас сæххæст кæндзысты.
Адæм сæ хъаст бахастой Адæмон фронтмæ. Активисттæ бынатмæ æрцыдысты, федтой фатертæ, бацæуæнтæ. Аныхас кодтой цæрджытимæ, ныфс сын бавæрдтой уавæрмæ сæ хъус кæй дардзысты, уымæй.
Мониторингы хатдзæгтæм гæсгæ курдиат арвитдзысты Цæгат Ирыстоны бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы Фондмæ. Сæйрагдæр у цæрджыты фарсмæ балæууын. Мах та Адæмон фронты активисттимæ иумæ кæсдзыстæм уавæр куыд ивдзæн, уымæ.
















