preloader
сейчас в эфире
14:59
Вокзал для двоих. Цимити 12+
Смотрите Далее
15:25
Музыкæ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
Контекст. Теория поколений 12+
17:25
Дело мастера 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
Вокзал для двоих. Цимити 12+
close

Адæмон фронты активисттæ Дзæуджыхъæуы федтой фæндæгты уавæр

19.03.2026 14:46

Уынгты хицæн хæйтты фæндæгты цалцæг сæххæст кæнын кæм хъæуы, уыцы хыгъд егъау у. Къуырфытæ алы фæзилæны дæр, горæты астæу, фæрсаг уынгты æмæ ма хæдзæртты кæртыты дæр.

Раст цыма хъазты хæслæвæрд у, афтæ къуыбыртæ æмæ дзыхъхъыты сæрты хизын. Æмæ бæргæ хъазт куы уаид, фæлæ ацы къуылымпыдзинæдтимæ цæрджытæ æмбæлынц афдзæй-афæдзмæ. Мит куы атайы, уæд цыма асфальт дæр фæцыдæр вæййы, афтæ. Уынгты хицæн хæйтты фæндæгты цалцæг сæххæст кæнын кæм хъæуы, уыцы хыгъд егъау у. Къуырфытæ алы фæзилæны дæр, горæты астæу, фæрсаг уынгты æмæ ма хæдзæртты кæртыты дæр.

Охотничий фæрсуынджы цы люк ис, уый цæрджыты уæлдай тынг тыхсын кæны. Арф дзыхъхъ тæссаг у машинæты шофыртæн. Æхсæвыгон уавæр ноджы февзæрдæр вæййы. Æмæ кæд ацы уаццаг зылд кæм вæййы, уыдоны хыгъдмæ хауы, уæддæр дзы ивддзинæдтæ нæй: цæрджытæ сæхи тыхтæй бампъузынц дзыхъхъытæ, фæлæ люкæн сæ бон бакæнын ницы у.

Иу аиуварсгæнинаг фарста ма Гæдиаты Цомахъы уынгæй цæхæрадæтты æмхæларад “Дружба”-йæ Ныгуылæн уæлмæрды онг уаццаджы. Ам фæндаг афтæ пырх у æмæ йыл цæуын дæр тæссаг у, къуылымпыдзинад ма хæссы æхсæнадон транспорты æрлæууæн, йæ бынат ахæм ран рауад æмæ цæрджытæн свæййы фæлварæн.

Адæмы ныхæстæм гæсгæ, уæлцъары уавæры тыххæй 27-æм маршрутон таксийы шофыртæ ацы фæндæгтæм хæстæг нæ цæуынц. Цæрджыты бахъæуы фистæгæй æндæр уынгтæм ацæуын, цæмæй транспорт æрцахсой.

Бынæттонтæ цалдæр хатты фæсидтысты дзуапдæттæг ведомствæтæм уаццаг банывыл кæныны курдиатимæ. Пъланмæ гæсгæ йæ хъуамæ сцалцæг кодтаиккой ивгъуыд аз сæрды, фæлæ куыстытæ афтæ дæр нæ райдыдтой. Бирæтæм хи хæдтулгæтæ нæй, бастдзинад нывыл кæй нæу, уый тыххæй къуылымпыдзинæдтæ ййафынц, уыимæ ма уæлмæрдмæ чи фæцæуы, уыдон дæр.

Адæмон фронты радон мониторинг равдыста: цалдæр мæймæ Грибоедовы, Чапаевы æмæ Тельманы уынгты – нæ аивта. Фæндаджы уæлцъары аиппытæ иуварсгонд не ‘рцыдысты, хицæн бынæтты та ма уавæр ноджы февзæрдæр. Активисттæ дарддæр архайдзысты профилон ведомствæты æргом раздахынмæ. Æмæ цалынмæ иутæ архайынц дзыхъхъыты иувæрсты ацæуын, уæд иннæтæ та сæмбæлынц къуылымпыдзинæдтимæ – уагъд цæлхытимæ, саст хæйттимæ æмæ уæлдай хæрдзтимæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
18.06. 2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
18.06.2026
Истории из жизни I Залина Хейреддин
17.06.2026
Среда влияния I 17.06.2026
17.06.2026
Любовь Бедзоева I Дело мастера
17.06.2026
Боевые искусства I Доброе утро, Осетия!
17.06.2026
Лика Елизарова I Профессиональный путь
16.06.2026
Люпин, дикторты конкурс æмæ ансамбль «Арц-тох»-ы уæлахиз | Йæ рæстæгыл
16.06.2026
Сæрд Куырттаты комы I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
16.06.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 1: Осетия в контексте палеолита | «Ossetica»
15.06.2026
15.06.2026 I Самое время
15.06.2026
Женский футбол | Доброе утро, Осетия!
15.06.2026
Заболевания легких I Медикум
14.06.2026
В итоге: 14.06.2026
14.06.2026
Борӕнты бинонтӕ I Дзӕнгӕрӕг
14.06.2026
Къостанты I Бинонтӕ
13.06.2026
Все рекомендуемое