Ева Геладзе тхэквондойæ архайы ныр 10 азӕй фылдӕр. Ацы спортмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрбацыд, фӕлӕ ныр уый у йӕ царды ахсджиаг хай. Тренировкӕ кӕнын куыд зын у ӕмӕ уӕлахиз цас æхсызгон у, уый хорз зоны. Евӕ рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы ерысты. Архайдта 59 килограммӕй фылдӕр уӕзы категорийы.
Цалиты Хъазыбегӕн дӕр ис стыр нысантӕ. Тхэквондомæ цæуы 6 азы. Сразӕнгард ӕй кодта йӕ хистӕр ӕфсымӕр. Йӕхи тынг ӕнувыдӕй цӕттӕ кодта Уӕрӕсейы ерыстӕм. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕппӕты зындӕр хъуыддаг уыд уӕз ӕрæппарын. Фӕлӕ йӕ фӕстиуӕг у иттӕг хорз. Хъазыбег Ирыстонмæ æрласта дыккаг сыгъзӕрин майдан.
Уӕрӕсейы ерыстӕ 12-14 аздзыд спортсменты ‘хсӕн ацыдысты Налцыччы. Турниры архайдтой 400 адӕймагӕй фылдӕр 59 регионӕй. Цӕгат Ирыстоны иугонд командӕ бацахста 4-ӕм бынат иумӕйаг хыгъды. Рамбылдтой 4 майданы: 2 сыгъзӕрин ӕмӕ 2 бронзӕйы.
Спортсментӕ ӕрлӕууынмӕ нӕ хъавынц. Разӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ахсджиаг турнир — Европӕйы ерыстӕ. Ацӕудзысты ноябры Румынийы. Уым фембӕлдзысты континенты хуыздӕр тхэквондисттӕ. Нӕ спортсменты фӕнды ӕппӕты бӕрзонддӕр бынӕттӕ райсын. Ныртӕккӕ сын сӕйрагдӕр у иттӕг хорз спортивон формӕ.
















