Адæмон театрты актертæн сарæзтой дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Сæ сæйраг нысан- актертæн бацамонын сценæйы аивгæнæн куыстыты сусæгдзинæдтæ.
Аивгæнæн мадзæлтты тыххæй радзырдта Уырыссаг Театры нывгæнæг Светлана Володина. Куыд аразын хъæуы сценикон костюмтæ, цавæр хъуымацæй хуыйгæ сты. Уымæй уæлдай дæсныйад-æвдисæг ахуырты руаджы баззыдтой костюмтимæ раст куыд архайын хъæуы, цæмæй сæ фылдæр пайда кæнæн уа. Мадзал сарæзтой Театры Азы фæлгæты. Йæ архайджытæ райстой дæсныйад бæрзонддæр кæнæн æвдисæндартæ.
















