Цыколайы культурæйы хæдзары алыварас ныссагътой заз бæлæстæ. Æрæджы уыдон къахт æрцыдысты Доныфарсы. Ахæм фæнд фæзынд Æрæфы районы амалхъом адæймагмæ. Уый фæрцы хъуамæ Доныфарсы цыбыр рæстæгмæ фæзына ног куыстуат. Æмбырд дзы кæндзысты диорит. Уымæй пайда кæндзысты арæзтадон куыстыты мидæг.
Уаниты Виктор у амалхъом адæймаг. Æрæджы сфæнд кодта Доныфарс саразын промышленон куыстуат. Цæмæй арæзтадон куыстытæ æнцонæй цæуой, уый тыххæй йæ бахъуыд Доныфарсы чысыл заз бæлæстæ скъахын. Бæлæстæ ма фесæфой, зæгъгæ, сæ Виктор сфæнд кодта Цыколамæ æрбаласын.
Уаниты Виктор нын куыд радзырдта, афтæмæй уый хъавы диорит самал кæнын. Уый тыххæй Доныфарсы уыдзæн сæрмагонд куыстуат, æмæ арæзтадон компанитæ ифтонг кæндзæн хъæугæ гæрзтæй. Куыст бирæ уыдзæн, зæгъы Уаниты Виктор. Хъуамæ æппæт арæзтатон куыстытæ дæр цыбыр рæстæгмæ конд æрцæуой. Доныфарсы цы куыстуат уыдзæн, уый та хъуамæ стыр пайда хæсса адæмæн. Уыдзæн дзы куысты бынæттæ дæр. Ахæм хъуыдыйыл хæст у Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лæгкуты Омар дæр.
Ацы бæлæстæ ныссагътой экологон домæнтæм гæсгæ. Хъæуы хицау нын куыд радзырдта, афтæмæй хъуамæ уыдоны фæрцы Цыколайы экологон уавæр дæр хуыздæры ‘рдæм ива.
Ныртæккæ Цыколайы цы заз бæлæстæ ныссагътой, уыдон хъуамæ саив кæной хъæуы культурæйы галуаны алыварс. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты хъæуы цæрджытæ дæр.
Къутæрты Аидæ
















