200 мин сомы амалхъомдзинады райрæзтæн радих кодта куыстдæттыны комитет. Æхцайы фæрæзтæ райсын сæ бон уыдзæн куыд кусгæ чи кæны, ахæм адæм, стæй куыст кæмæн нæй, уыдон дæр.
Æфсады службæ чи кæны, уыдонæн дæр сæ бон у райсын æххуыс. Уый фæстæ. Программæ адæргъвæтин кæндзысты, цалынмæ адæймаг службæ нæ фæуа уæдмæ. Уыцы æхца пайда уыдзæн амалхъомдзинады фыццаг къахдзæфтæ акæнынæн. Фæлæ субсидиты руаджы нæй бафидын кусджыты мызд æмæ хаццоны аргъ. Сæйрагдæр домæн та у – уæлæмхасæн куысты бынæттæ саразын. Æхцайы фæрæзтæ дих кæнынмæ хъавынц 103 адæймагыл. Уый ты уыдзæн 20 милуан сомæй фылдæр. Комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй райстой бирæ курдиæттæ. Уый тыххæй бæлвырдгæнæн гæххæттытæ бадæттыны æмгъуыд адæргъвæтин кодтой 27 апрелмæ.
Куыстдæттыны комитеты сæргълæууæг Дзгойты Иринæ: «Абоны бонмæ сæ гæххæтыттæ балæвæрдтой 175 адæймаджы. Ныфс дарæм, мæнæ ма цы 10 боны баззад, уыцы рæстæгмæ сæ нымæц дыууæ хатты кæй фæфылдæр уыдзæн, уый».
















