preloader
сейчас в эфире
11:01
КИТАЙ. АЛАНСКИЙ СЛЕД 12+
Смотрите Далее
11:30
МУЗЫКАЛЬНАЯ ГОСТИНАЯ. РОМАНСЫ КАРОЛИНЫ ГАЗАЕВОЙ 12+
12:25
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ. ЗАЛИНА КАРАЕВА 12+
13:00
ХАБӔРТТӔ 12+
13:20
ÆНУСОН ФАРН. КОКАЙТЫ ТОТРАДЗ 12+
15:00
ВКУС ГРАНАТА (16-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
КИТАЙ. АЛАНСКИЙ СЛЕД 12+
close

Æнæ хæдзарæй

23.05.2019 22:07

Республикæйы районты цæрджытимæ æмбæлынц бынæттон разамонджытæ дæр.

Республикæйы районты цæрджытимæ æмбæлынц бынæттон разамонджытæ дæр. Ахæм комкоммæ ныхас у Хицауады хъæппæрис æмæ йæ æххæст кæнынц. Адæмы цы тыхсын кæны, уыцы фарстатимæ æрбацæуынц бæрнон кусджытæм. Иу ахæм фæмбæлд сарæзтой Æрæфы районы. Цæрджытæ сæ райхалинаг фарстатæ фехъусын кодтой районы сæргълæууæг Хидирты Батрадзæн. Æрбацыдысты йæм Цакъоты бинонтæ дæр. Æрæджы сыл æрцыд стыр фыдбылыз. Сæ хæдзар басыгъд. Сæхи амæлттæй рæстæгмæ цæрæн бынат скодтой. Фæлæ уавæртæ æвзæр сты. Ныр æххуысагурæг цæуынц. Нæ уацхæссæг Плиты Хетæг фембæлд Цакъоты бинонтимæ æмæ федта, цы уавæрты сты ныртæккæ уый. Бæлвырддæр – нæ дарддæры æрмæджы.


Зынг фæзынд хæдзары электрон тыхы телтæ заууат уавæрмæ кæй æрцыдысты, уый тыххæй. Рагæй сæ нæ раивтой. Æмæ ныр ахæм фыдблызмæ расайдта. Зынг уай тагъд схæцыд хæдзары къултыл. Арты æвзæгтæ сыхæгтæ куы ауыдтой, уæд фæдисы ратахтысты. Æвæстиатæй фæдзырдтой ирвæзынгæнджытæм. Цакъоты цæрæн бынатæй арт цыбыр рæстæгмæ ницы ныууагъта. Афтæ Егъау зынгсирвæзт рауад æмæ ма дарддæр дæр афæлгæсыд.

Иннæ фыдбылыз æрцæуынæн дæр бирæ нал хъуыд. Зынг ма сыхаг хæдзарыл дæр схæцыд. Йæ сæры хай басыгъд. Фæлæ дарддæр ацæуынæн æй зынгхуыссынгæнджытæ йæ нæ бауагътой.

Цы хæдзар ссудзын нæ бауагътой, уым цалдæр боны цардысты Цакъоты бинонтæ. Сыхæгтæ сын балæггад кодтой. Уæдмæ та Валерий æнæрынцагæйæ кодта кусгæ. Сæ хæдзары сарайæ скодта чысыл агъуыст. Ныр 6 уым цæрынц. Æмæ кæд къуындæг бынат у, уæддæр разы сты.

Ацы хъуыддагмæ куыд фæндыЙы цæстæй чи нæ ракасти, ахæмтæ дæр разынд. Зындзинады рæстæг бинонты фарс æрбалæууыдысты. Сæ бон куыд уыди, афтæ смæ фæкастысты. Цакъоты бинонтæ æххуысагур бацыдысты Æрæфы районы администрацимæ. Уым дæр сын баххуыс кодтой – æхцайы фæрæзтæй. Курдиат ма арвыстой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ. Уый сын ныфс бавæрдта арæзтадон æрмæджытæй сæм кæй фæкæсдзæн, уымæй. Ныртæккæ бынонтæ æхцайы фæрæзтæй фæнд кæнынц кусын райдайын. Æрмæджытæ сæм куы æрбаласой, уæд аразынмæ балæудзысты.

Ног хæдзар самайынмæ фæкæсын Цаъкоты бинонтæн иууылдæр цæттæ сты. Æрмæст фадат куы разынид, уæд. бынæттон цæрджытæ иу хъуыдйыл хæст сты – Уымæн гæнæн нæй æмæ кæстæртæ æнæ къонайæ баззайой.

Плиты Хетæг

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
13.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзасохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Все рекомендуемое