Хабæрттæ фæсхохæй. Хуссар Ирыстоны хъæппæрисджын фæсивæд бавдæлдысты æмæ æрвылрайсом рацæуынц велосипедтыл тезгъо кæнынмæ. Сты Цхинвалы цæрджытæ. Сæ сæйраг хæсыл нымайынц æнæниз цардыуаг фидар æмæ парахат кæнын. «Дæ райсом хорз», зæгъгæ, арфæ сыл æрцæуы алы хатт дæр. Сæ къахæйзилгæ цæуæн фæрæзтыл уынгтæм ратулынц райсомы 6 сахатыл. Ахæм фæтк сæхицæн ныффидар кодтой суанг уалдзæджы, æмæ йыл абоны онг сæ къух нæ исынц. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, дæ райсом куыд райдайай, афтæ дæ бон дæр ахæсдзæн, зæгъгæ. Ацы фæсивæдæн сæ физикон хъæппæрис æдзух расайы рæсугъд æнкъарæнтæм æмæ хорз зæрдæйы ахастмæ. Ныртæккæ уын цы `рмæг равдисдзыстæм, уым дæр уыцы хорзæх бæрæг дары æмæ йæм бакæсут.
Велосипедыл сбадынмæ ацы фæсивæдæй се `ппæт уайтагъд нæ фæцарæхстысты. Уæлдайдæр, цалдæр азы йæм хæстæг дæр куы нæ бацæуай, уæд. Фæлæ сæйрагдæр у, зæрдиагæй дæ куы фæнда, уæд уый. Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр цалдæр хатты йеддæмæ н`ахаудзынæ, уый хыгъд де `фсæн æфсургъы рохтыл æрхæцдзынæ. Афтæмæй зæрдæйы тас дæр цыдæр фæвæййы. Æнæниз цардыуаг сæм кадджын у æмæ йыл æнувыд дæр уымæн сты. Уæдæ цы хæрынц æмæ ма цы спортивон хуызтæм се `ргом здахынц, уымæ дæр бæрнонæй кæсынц. Бирæ истытæ йын нæ хъæуы уымæн, зынаргъ тренажертимæ кусынæн та алкæмæн фадат нæй. Изæры та, фæскуыст сæ тыхтæ велосипедты фаг нал вæййынц. Сæумæкъуырццæй фæндæгтæм рацæуынæй ма хуыздæр рæстæг кæд хъуамæ ссардтаиккой. Баныхас кодтой æмæ йæ бакодтой. Ном дæр ма йын æрхъуыды кодтой сæ хъæппæрисæн: «Зил къахæнцайæн!», зæгъгæ.
Фæсивæды зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд сæ ног хъæппæрис, æмæ сын æнæ уымæй сæ цард ад дæр нал кæны. Сæ балцвæд алы хатт дæр сæхæдæг равзарынц сæ зæрдæйы ахастмæ гæсгæ. Куы сæ цæлхдурты сæрты хизын бафæнды, куы та – лæгъз фæндагыл сыххуытт кæнын. Фæлæ сæ фæсвелосипедтæ сæ куыстмæ цæуын кæй хъæуы, уый дæр сæ нæ ферох вæййы.
Райсом, 29 майы велосипедтыл дугъы архайджыты нымæц бауыдзæн дзæвгар фылдæр. Сæ акци сæ фæнды фæуæрæхдæр кæнын, æнæниз цардыуаг парахат кæнынмæ æхсæнады æргом аздахын. Йæ саразыныл бакуыстой Хуссар Ирыстоны хæххон къахдзоныгъты спорты æмæ сноуборды федерацийы разамынд. Акцийы архайыны бар радтой алы кары адæймæгтæн дæр. Куыд загъта, афтæмæй дзы йæхи хуыздæр чи равдиса, уыдоны истæмæйты схорзæхджын кæндзысты.
Ахæм акциты фæрцы фæсивæд фæцалх вæййынц, æнæниздзинадæн пайда чи у, уыцы мадзæлттыл. Æмæ ма, ныртæккæ кæй уынут, уыдонæй хуыздæр дæнцæг ссарæн кæм ис? Уæдæ сæ уæнгрог уæвынæй æмæ хъæлдзæг зæрдæйы ахастæй дæр сæ хъæппæрис æнæхъæн боны дæргъы ифтонгæй фæдары.















