Æндæрбæстæгтæн электронон визæтæ дæттыны системæ ацы аз скусдзæн. Уый тыххæй фехъусын кодта экономикон райрæзты министрады туризмы рæзты фæдыл департаменты сæргълæууæг Татьяна Шаршавицкая.
Уæрæсейы иумæйаг электронон визæтæ дæтдзысты 52 фæсарæйнаг бæстæйы цæрджытæн. Ныртæккæ Уæрæсемæ туристтæ нæ тагъд кæнынц Visa æмæ MasterCard-æй нæ бæстæйы пайда кæнын кæй нæй, уый тыххæй. Фарста аиуварс кæныныл ныртæккæ кусынц.
Фидæны, гæнæн ис, æмæ фæзына «Туристы балцвæд». Уый фæрцы æндæр бæстæйæ уыдзæн фысымуаты уат рагагъоммæ бацахсын, Уæрæсемæ æрцæугæйæ та фиддон баххæсын.
















