Транспорты фылдæр асбæрцы тыххæй уæзласæн хæдтулгæты хицæутты нал ивар кæндзысты. Сæрмагонд закъон йæ тыхы бацыд 11-æм мартъийы.
«Парламентская газета» куыд хъусын кæны, афтæмæй ныхас цæуы æмбæлгæ бæрцæй чысыл фылдæрыл — 10 сантиметрыл. Иваргонд цæудзысты æрмæст фæткхæлд видеоцæстдарды камерæ куы æрцахса, уæд.
Раздæр ахæм уæзласæн хæдтулгæты хицæуттæ ивар фыстой 150 мин сомы.
















