Æнцонæй цæрæнуæттæ самал кæнæн — арæзтадон базарады уавæр æмæ къабазы райрæзты гæнæнтыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ республикæйы разамонæг Сергей Меняйло. Сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй хъæуы горæтарæзтады ног мадзæлттæй пайда кæнын, архайын фæзуæтты райрæзтыл æмткæй.
Регионы разамонæг амалхъомадæмæн бауынаффæ кодта æмгуыстады мадзæлттыл архайын, цæмæй сын фадат уа цæрджыты льготон категориты цæрæнуæттæ æнцондæр фæткмæ гæсгæ æххæст кæнын сæрмагонд проектты фæлгæты. Ныхас цæуы цæрджыты кæлæддзаг хæдзæрттæй раивыныл, бирæсывæллонджын æмæ æрыгон бинонты фарсмæ балæууын, уыимæ сæмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонты, сидзæрты æмæ се ‘нæниздзинад хъагдард кæмæн у, уыдоны. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй программæты архайыны фадат ис æрмæстдæр республикæйы цæрджытæн.
















