Цæгат Ирыстоны дæрддзæф хъæуты тагъд рæстæг фæзындзысты фельдшерон-акушерон пункттæ æмæ амбулаторитæ. Сараздзысты сæ федералон программæмæ гæсгæ. Ныртæккæ хъæуты медицинон æххуыс куыд æмбæлы афтæ нæй. Зындзинæдтæ та бирæ. Сæ сæйрагдæртæй иу – медицинон уагдæттæ цы уавæрмæ æрхаудысты, уый. Уæрæсейы æппæтадæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ дæр сæ хæсыл нымайынц, хъуыддаг хуыздæрырдæм аивын. Ныридæгæн уал уыдысты Рахизфарсы районы. Лæмбынæг æркастысты, рынчынтæ се нæниздзинад дзæбæх кæнынмæ цы медицинон уагдæттæм фæцæуынц, уыдоны уавæр. Семæ уыди не сфæлдыстадон къорд дæр.
Ацы бæстыхаймæ куы бакæсай, уæд дзы цыма адæймаг йæ къах дæр никуы бавæрдта, уый хуызæн у. Къултæ хуынчъытæ æмæ цартæй дон бынмæ лæдæрсы. Ахæм у Раздзогы фельдерон – акушерон пункт. Хъæуы цæры 500 адæймаджы. Се ‘ппæтыл хъуамæ ххæссой иу дохтыр æмæ санитаркæ. Дзæбæхгæнæндон заууатмæ æрцыд. Цалцæггонд та уæвгæ никуы уыд. Ныртæккæ куыд у æмæ дзы цы ис, уый дæр медицинон кусджыты æмæ бынæттон цæрджыты руаджы.
Раздзоджы Фельдшерон-акушерон пункты сæргълæууæг Ирина Догужаева: «Кæддæр ма иу дзы къултæ дæр бæргæ аив кодтам, нæ къухты ма хъару куы уыди, уæд. Ныр та нæ бон нал у, уæвгæ æвналын дæр нæ ницæмæуал фæнды. Æрмæст нын куыд нæ ныккæла, ууыл архайæм, нæ цæст дарæм».
Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаджы ахсджиаг дæр у цæмæй сæм æмбæлгæ цæст дарой æмæ сын хъæугæ медицинон æхууыс кæной. Ацы хъуыддаджы та зындзинæдтæ не ййафынц. Дохтыр сæм дзæбæх цæст дары. Куы бахъæуа, уæд хæдзармæ дæр æрбацæуы, уый фæстæ ма рынчынфæрсæг дæр ссæуы. Хостæй дæр хъуаг не ййафынц.
Бруты амбулаторийы уавæр дæр хуыздæр нæу. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæгтæ ‘рбацыдысты бæстыхайы уавæр сбæрæг кæнынмæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, медицинон уагдон хъуамæ алцæмæй дæр фаг ййафа. Фæлæ йæ куыд федтой, афтæмæй дзы афтид стъол дæр стæм иу ран ис.
Скъолайы кæцыдæр хайæ сарæзтой фельдшерон акушерон пункт. Дыууæ азы размæ йæ ардæм рахастой. Бындуронæй йæ сцалцæг кодтой. Ныртæккæ дзы кусы 6 адæймаджы. Хъугæ медицинон кусæнгæрзтæй ифтонг у. Уый дын электрон кардиограф туджы сæкæр цас иу, ахæм бæрæггæнæг. Къуыри иу хатт æрцæуынц специалисттæ дæр.
Æппæтадæмон фронты минæвæрттæ æркастысты агъуыстытæм, сбæрæг кодтой сыгъдзæгдзинады домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Стæй хостæй хъуаг æййафынц æви нæ, уый дæр. Аныхас кодтой бынæттон цæрджытимæ, сарæзтой сын æрфарст. Сæйрагдæр уыдоны хъуыдытæ сты. Цæрджытæ дохтырты куыстæй æвзæр ницы загътой. Æрмæст сæ сагъæсы ‘фтауы фельдшерон пункты цы бæстыхайы ис, уый уавæр.
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ бæрæг кæнынц республикæйы хъæутæ. Ныридæгæн абалц кодтой Хохы Карцамæ, Майрамæдагмæ æмæ Дæргъæвсмæ. Æппæт хъæутыл куы æрзилой, уæд сæ фæнды саразын сæрмагонд картæ, медицинон æххуыс райсæн кæм ис, уыдон.
















