preloader
сейчас в эфире
01:20
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
01:40
ВКУС ГРАНАТА (3-АЯ СЕРИЯ) 16+
02:30
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
close

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ сабитæн балæвар кодтой Ног азы аргъау

26.12.2019 15:26

Дзæуджыхъæуы ихын аренæйы сывæллæттæ Митын Дада æмæ Митæимæ къахдзоныгътыл дугъы уадысты.

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ бирæсывæллонджын бинонты `хсæн чи хъомыл кæны, уыцы сабитæн балæвар кодтой Ног азы аргъау. Дзæуджыхъæуы ихын аренæйы сывæллæттæ Митын Дада æмæ Митæимæ къахдзоныгътыл дугъы уадысты. Цинæйдзаг цæстытæ æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæ, уый у фыццаг æвдисæн Ног Азы бæрæгбон кæй рауад, уымæн. Нæ уацхæсджытæ дæр æй федтой. Уазиты Зæлинæйæн ныхасы бар.


Ацы сывæллæттæн Ног Азы бæрæгбон ныридæгæн райдыдта. Ихын аренæ сæхи бакодтой. Боны дæргъы сæ фæлтæрджын инструктортæ ахуыр кæнынц къахдзоныхтыл аив бырын. Кæд уынджы уæлдæфы температурæ 9 градусы хъарм у, уæд ам та æцæг зымæг ралæууыд. Бæрæгбоны заз бæлас дæр ихы сæр тæмæнтæ калы.

Ног азы аргъау сывæллæттæн балæвар кодта æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ. Сæ фылдæр бирæсывæллонджын бинонты `хсæн чи хъомыл кæны, уыдон сты. Бирæтæ сæ къахдзоныгътыл фыццаг хатт слæууыдысты. Активисттæ бузныг зæгъынц ихын аренæйы разамындæн. Бæрæгбон саразынмæ сæм кæй фæкастысты уый тыххæй.

Фæлмæн мидбылхудт æмæ цинæйдзаг цæстæнгас. Ныййарджытæн сæ сабиты алы азмæлд дæр æхсызгон у. Сæ къам тæ сын исынц. Алкæй дæр хъæддыхæй уырны алы сывæллоны зæрдæ дæр Ног азы диссæгтæ кæй бауырныдтой.

Уæдæ Ног азы бæрæгбон æнæ Митын Дада æмæ Митæйæ нæ фидауы. Уыдон æрбахастой сывæллæттæн зæрдыл дарæн лæвæрттæ. Ног азы дзæкъулты къафеттæ æмæ адджын гуылтæ. Сабитæ сæ кæд æрвылбон дæр уыныц дуканиты тæрхæджытыл уæддæр ныр ноджы адджындæр ты. Бæрæгбон ма аххæсыд сывæллæтты клиникон рынчыдоны медицинон реабилитацийы центрыл. Ам сывæллæттæ сæхиуыл кусынц травмæты фæстæ. Сæ фылдæр Ног азыл сæмбæлдзысты рынчыноны уаты. Æхсæнадон архайджытæ сæ æнæрхъуыдыйæ нæ ныууагътой. Сывæллæттæм саккаг кодтой Митын Дада æмæ Митæ. Заз бæласы алыварс зарджытæ æмæ кæфтытæ. Уыимæ ма адджын лæвæрттæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
25.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
25.09.2026
24.09.2026 I Тактика
24.09.2026
Женское предпринимательство I Бизнес сфера
24.09.2026
Итоги туристического летнего сезона, сборная России по вольной борьбе на сборах во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
24.09.2026
24.09.2026 I Подробнее
24.09.2026
24.09.2026 | Фæд
24.09.2026
24.09.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
24.09.2026
Дунеон Болливуды бон ӕмӕ зӕрдӕрард психолог | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
24.09.2026
Марат Тускаев | Истории из жизни
23.09.2026
Иосиф Тиникашвили | Дело мастера
23.09.2026
Безопасность без компромиссов | Среда влияния
23.09.2026
Доброе утро, Осетия! I 23.09.2026
23.09.2026
Ныхас — адæмы хъæлæс | Бæрнон ныхас
22.09.2026
Ирон æвзагыл фыст ауындзгæ хъусынгæнинæгтæ, Ардасенты Хадзбатры номарæн изæр æмæ артаджы уавæры тыххæй | Йæ рæстæгыл
22.09.2026
Алайнаг гимназы ахуыргæнджытæ | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
22.09.2026
Все рекомендуемое