preloader
сейчас в эфире
00:35
ЙÆ РÆСТÆГЫЛ (ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
01:20
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
01:40
ВКУС ГРАНАТА (3-АЯ СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
ЙÆ РÆСТÆГЫЛ (ПОВТОР) 12+
close

Фæллойы ветеран Ходы Венерæйыл сæххæст 100 азы

26.12.2019 15:38

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Ольгинскæйы хæстон госпиталы удуæлдайæ æххуыс кодта рынчынтæн. Юбилейы фæдыл арфæйы ныхæстæ æмæ кадджын хæрзиуджытимæ Венерæмæ æрбацыдысты нæ республикæйы хæрзаудæн организацитæ æмæ парламенты минæвæрттæ.

Фæллойы ветеран Ходы Венерæйыл сæххæст 100 азы. Бирæ азты дæргъы фæкуыста медицинон хойæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Ольгинскæйы хæстон госпиталы удуæлдайæ æххуыс кодта рынчынтæн. Юбилейы фæдыл арфæйы ныхæстæ æмæ кадджын хæрзиуджытимæ Венерæмæ æрбацыдысты нæ республикæйы хæрзаудæн организацитæ æмæ парламенты минæвæрттæ. Юбиляримæ фембæлд нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ дæр. Бæлрвыддæр хабæрттæ радзурдзæн йæхæдæг.


Ходы Венерæйæн йæ 100-азы юбилейы фæдыл арфæтæ кæнынц сæумæ-райсомæй. Сыхæгтæ, хæстæджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Кæд Венерæйыл 100 азы сæххæст, уæддæр у раздæрау хъæлдзæг æмæ цардуарзон. Уæдæ йæм пълæнттæ дæр бирæ ис. Йæ царды хабæрттæ ма хорз хъуыды кæны. Райгуырд Ольгинскæйы хъæуы. Скъолайы фæстæ бацыд медицинон училищæмæ. 1941 азы, Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Венерæйыл 22 азæй йеддæмæ нæ цыд. Йæ хæсыл банымадта йæ райгуырæн хъæуы хæстон госпитальмæ кусынмæ бацæуын. Зæрдиагæй архайдта рынчынтæн æххуыс кæнын.

Хæсты фæстæ Венерæ йæ амонд ссардта. Уым дæр хъæуы амбулаторийы куыста. Фæстæдæр, кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы рынчындоны хирургон медицинон хойæ. Йæ дæсныйадыл кæддæриддæр тынг æнувыд уыд. Зындзинæдтæй никуы тарсти. 16 азы дæргъы Венерæ фæкуыста тагъд æххуысы клиникон рынчындоны. Завод «Победит»-ы медицинон-санитарон хайады дæр фæллой кодта. Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы дæр Венерæйы хорз хъуыды кæнынц.

Абон Ходы Венерæ æрмæст йæ цоты хуртæй æфсæст æмæ сæрыстыр нæу, фæлæ ма уыдоны кæстæртæй дæр.

Ходы Венерæйы царды бирæ зындзинæдтæ уыд. Фæлæ, хъазт кæнын нæ уарзы. Куысты йæ къухы цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уыдонæй сæрыстыр у. Бирæ хæрзиуджытæ ис Венерæмæ. Фæлæ, æппæты кадджындæрыл нымайы Фæллойы Ветераны хæрзиуæг. Юбилейы фæдыл, республикæйы рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уымæ гæсгæ нæ республикæйы парламенты номæй йын радтой кады гæххæт.

РЦИ-Аланийы профсоюзты федерацийы сæрдар, парламенты депутат Касаты Таймураз: «Абон хорзæхджын кæнæм фæзминаг хистæры. Йæ бирæ азты фæллой у дæнцæгæн хæссинаг. Тынг æхсызгон мын у, йæ 100-азы юбилейы бон Венерæ афтæ хъæлдзæг кæй у, уый. Царды тых ма йæм бирæ ис».

Майдан «За ратную доблесть», зæгъгæ, Венерæйæн балæвар кодтой хæрзаудæн фонд «Рука помощи»-йы минæвæрттæ. Венерæйæн йæ юбилейы фæдыл арфæйы ныхæстæ ракæнынмæ æрбацыд нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан.

РЦИ-Аланийы æнæниздзинда хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан: «Абон нæ республикæйы медицинон къабазæн ахсджиаг бон у. Ходы Венерæ у кадджын адæймаг. Нæ республикæйы сæргълæууæг, хицауад, парламент æмæ депутатты номæй абон æрбацыдтæн Венерæйæн арфæйы ныхæстæ ракæнынмæ. Бузныг йын стæм æмæ ма бирæ азты æнæизæй фæцæрæд».

Йæ ивгъуыд азтыл Венерæ æппындæр нæ фæсмон кæны. Ахæм цæстæй кæсы фидæнмæ дæр.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
25.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
25.09.2026
24.09.2026 I Тактика
24.09.2026
Женское предпринимательство I Бизнес сфера
24.09.2026
Итоги туристического летнего сезона, сборная России по вольной борьбе на сборах во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
24.09.2026
24.09.2026 I Подробнее
24.09.2026
24.09.2026 | Фæд
24.09.2026
24.09.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
24.09.2026
Дунеон Болливуды бон ӕмӕ зӕрдӕрард психолог | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
24.09.2026
Марат Тускаев | Истории из жизни
23.09.2026
Иосиф Тиникашвили | Дело мастера
23.09.2026
Безопасность без компромиссов | Среда влияния
23.09.2026
Доброе утро, Осетия! I 23.09.2026
23.09.2026
Ныхас — адæмы хъæлæс | Бæрнон ныхас
22.09.2026
Ирон æвзагыл фыст ауындзгæ хъусынгæнинæгтæ, Ардасенты Хадзбатры номарæн изæр æмæ артаджы уавæры тыххæй | Йæ рæстæгыл
22.09.2026
Алайнаг гимназы ахуыргæнджытæ | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
22.09.2026
Все рекомендуемое