preloader
сейчас в эфире
23:08
СВЕТЛЫЕ ЛЮДИ. ФАТИМА ДУДИЕВА 12+
Смотрите Далее
00:00
НОВОСТИ ( ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
СВЕТЛЫЕ ЛЮДИ. ФАТИМА ДУДИЕВА 12+
close

Æрæфы районы фермертæн æххуыс кæнынц сæ куыст парахат кæнынæн

26.03.2024 14:21

Фермертæн æххуыс кæны республикæйы хъæууон хæдзарады министрад. Субсидитæ исынц ифтонггæрзтæн, фосдарынæн æмæ æндæр хæрдзтæн.

Йæ сабибонты бæллиц Таматы Хъасболат сæххæст кодта. Ныртæккæ йæм бæхтæй уæлдай ис стурвос, 250 сæрæй фылдæр, уыимæ кæрчытæ æмæ бабызтæ. Фосдарыны куыст уарзы сывæллонæй. Скъолайæ йæ уæгъд рæстæг иу фыййауæй дæр цыд. Фæллой кодта сабыргай, къæпхæнгай архæйдта йæ фермæйы райрæзтыл. Æнцон нæ уыд, фæлæ удуæлдай лæггады ‘руаджы йæ къухы æнтыстдзинæдтæ бафтыд.

Хъасболат къорд рæстæг фермæ хаццоны иста. Фарон йæ къухы бафтыд зæххы хай, стурвосæн дзы сарæзта дарæн бынæттæ. Фæнды ма йæ ноджы 60 сæрæн скъæт саразын дæр. Йæхицæй уæлдай ма фермæйы фæллой кæны æртæ адæймаджы. Кусынц цыфæнды боныхъæды дæр. Къæвда уа, мит уара, æнтæф бон. Уымæн æмæ фосмæ æппынæдзух хъæуы бæстон цæстдард. Афæдз дыууæ хатты ацæуынц ветеринарты æркаст. Скæнынц сын туджы иртæстытæ. Родтæ куы айрæзнц, уæд сæ ауæй кæны. Фермер фæнд кæны йæ фосы дзуг фылдæр кæнын, парахат кæнын йæ куыстуат.

Цæрæгойтæ уарзын Охъазаты Оксанæйы сабийæ фæстæмæ æмхиц кодта йæ мад. Сæ хъуыддаг райдыдтой чысылгай. Балхæдтой дыууæ хъуджы. Бынат сын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сæ дардтой хæдзары кæрты. Фæстæдæр райстой хъæууон хæдзарады министрадæй грант 1,5 милуан сомы. Сылгоймаг йæхæдæг кæны цыхт, архайы алыхуызон конкурсты. Ныридæгæн æм ис 30 сæры. Æххуыс ын кæнынц йæ бинонтæ.

Фермертæн æххуыс кæны республикæйы хъæууон хæдзарады министрад. Субсидитæ исынц ифтонггæрзтæн, фосдарынæн æмæ æндæр хæрдзтæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Выборы-2026. Дебаты
28.08.2026
Многоликое искусство I Доброе утро, Осетия!
28.08.2026
27.08.2026 I Фæд
27.08.2026
27.08.2026 I Ирон чат
27.08.2026
27.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
27.08.2026
Амина Боранти I Истории из жизни
26.08.2026
Валерия Гагарцева I Дело мастера
26.08.2026
Межнациональные браки I Среда влияния
26.08.2026
День актера I Доброе утро, Осетия!
26.08.2026
Все рекомендуемое