Сæрдыгон рæстæг тæссаг у æрдзон зынгсирвæзтытæй. Уый тыххæй хъусын кæны æнæнхъæлæджы цауты управлени. Æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады специалисттæ рад хæссынц æрвылбон.
Специалисттæ ма адæмы зæрдыл иу хатт лæууын кæнынц, цæмæй æнæрхъуыды митæ ма кæной. Хус кæрдæгыл зынг арæхдæр бафты адæймаджы аххосæй. Ахæм хуызы закъон чи хала, уыдоны æфхæрдзысты административон æгъдауæй. Ивар сæ кæндзысты 15-æй 30 мин сомы онг.
















