Ахсджиаг къæпхæнтæй иу – асфальты быннаг цъар сæвæрын. Сæрмагонд хæдтулгæмæ хъæуы æппынæндзух кæсын, цæмæй æппæт архайд нывыл рауайа, зæгъы хайады мастер Ботъоты Руслан. Фæндаг хъуамæ дзуапп дæтта паддзахадон стандарттæн. Ай у æппæтæй егъаудæр объект Национ проект “Цардæн инфраструктурæ”-йы фæлгæты – фæндаг “Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен2”-йы хай.
Уадздзаджы дæргъ у 16 километры. Уыдзæн дзы 4 тæлмы, Джызæлдоны сæрты хид æмæ дыууæ рацæуæны. Ис ма дзы иннæ фæндæгтæм ахизæнтæ, стæй разилæн кæм ис, ахæм тæлмытæ. Æвæрд дзы æрцæудзæн рухсгæнæн системæ дæр. Фыццаг къæпхæны куыстытæ ныридæгæн конд æрцыдысты.
Объекты æрвылбон фæллой кæны 50 адæймагæй фылдæр, уыимæ техникæйы 30 иуæджы. Æдæппæтæй дзы æвæрд æрцæудзæн асфальты 80 мин тоннæйы. Ныртæккæ объекты цæттæдзинад у 60%.
Ивгъуыд азты республикæйы арæзт æрцыд цалдæр фæндаггон объекты – Мичурин æмæ Цыколайы фæрсты цæуæг фæндæгтæ, бындуронæй ма рацарæзтой Дигорайы фæрсты фæндаг дæр. Æппæт объекттæ дæр хорзæрдæм фæзындысты логистикæйыл, фæбæрзонддæр кодтой республикæйы фæндæгты æдасдзинад.
















