Кӕстӕр сержант Озиты Вячеслав мобилизацийы фæлгæты æфсадмæ ацыд 2022-æм азы. Службӕ кодта мотоæхсджыты иугонды. Архайдта хъæу Пятихаткӕйы ныббырсты ӕмӕ хъахъхъӕнынады. Фӕцӕф ис. Схорзӕхджын æй кодтой Суворовы орденæй, стӕй “Хъӕбатырдзинады тыххӕй” дыккаг къӕпхӕны ӕмӕ “Æхсары тыххӕй” майдантӕй. Цæфы фæстæ йæ архайд раивта бастдзинады батальонмæ. Ныртӕккӕ та у медицинон цӕттӕдзинады инструктор. Йӕ хӕс — ног салдæтты ахуыр кæнын.
Виталий æрæджы æрцыд Стъараполӕй. Ныртæккæ йæ ахуыр кӕнынц медицинон жгут раст ӕвӕрын. Хъуамæ йӕхицӕн ӕмӕ йе ‘мбӕлттӕн ӕххуыс кӕнын базона. Фыццаг хаттæй алкæмæн нæ рауайы. Фӕлӕ рӕдыд æруадзын ам тӕссаг нӕу. Инструктортӕ ӕнцад ӕмӕ бӕлвырд æмбарын кæнынц ӕппӕт дӕр.
Ӕфсӕддонты цӕттӕдзинады курс ахӕсдзӕн мӕйы бӕрц. Уалдзыгон сидтмæ чи бахауд, уыдон дæр ахуыр кӕнынц тактикӕ, инженерон хъуыддаг, топографи ӕмӕ алыхуызон хӕцӕнгӕрзтӕй хи хъахъхъӕныны бындуртӕ. Ноджы ма — физикон ӕмӕ медицинон цӕттӕдзинад. Салдат хъуамæ йæ алы архайд æмæ къахдзæф дæр ӕмбара. Ахуырты кӕрон иууылдӕр ӕфсӕддон ард бахӕрдзысты.
Ахуырты сæйраг нысан — æфсæддонты æцæг службӕмӕ бацæттæ кæнын. Салдӕттӕ тренировкӕты цы арӕхстдзинӕдтӕ райсынц, уыдон хӕсты быдыры цард ирвӕзын кӕнынц. Инструктортӕ сӕхӕдӕг архайдтой сӕрмагонд операцийы ӕмӕ амонынц сӕ хӕстон фӕлтӕрддзинадæй. Тагъд фæсивæд ард бахӕрдзысты. Уый фӕстӕ ацæудзысты алы дӕлхайӕдтӕм.
















