preloader
сейчас в эфире
18:50
В СВОЕМ КРУГУ (АХУРБЕК МАГАМЕТОВ) 12+
Смотрите Далее
19:00
ХАБÆРТТÆ 12+
19:30
ЙÆ РÆСТÆГЫЛ 12+
20:30
ХÆДЗАРАДОН 12+
21:00
НОВОСТИ 12+
21:20
ПО БОЛЬШОМУ СЧЕТУ 12+
ТВ ПРОГРАММА
В СВОЕМ КРУГУ (АХУРБЕК МАГАМЕТОВ) 12+
close

Æрвылаз Цъæйы ком бабæрæг кæны бирæ туристтæ

10.01.2024 13:50

Цъæйы комы туритсттæн сезон байгом кодтой 30-æм декабры.

Денджызы æмвæзадæй 1930 метры бæрзонддæр куы схизай, уæд адæймаг цыма зымæгон аргъаумæ бахауы, афтæ кæсы. Бæрзонд хæхтæ, митæй æмбæрзт къуылдымтæ. Кæдæм нæ акæсай алырдыгæй – чи къахдзоныгътыл тезгъо кæны, чи та сноубордыл. Хицæн трассæйыл дзоныгътыл бырынц хæххон курорты чысыл уазджытæ. Цъæйы коммæ ссæуынц Уæрæсейы алы къуымтæ æмæ хæстæг фæсарнтæй. Туристты куы афæрсай Цæгат Ирыстон цæмæ, зæгъгæ, уæд уыцы иу дзуапп раттынц. Сыгъдæг хæххон уæлдæф, зæгъгæ. Алкæйы зæрдæйы дæр баззайы, æрыздæхын кæдæм фæнды, ахæм бынатæ.

Ам алыцæдæр зæрдæмæдзæугæ у. Боныхъæд, лæггæдтæ арæзт сты бæрзонд æмвæзадыл. Инструктортæ æппынæдзух цæттæ сты баххуыс кæнынмæ. Цæгат Ирыстонмæ фыццаг хатт не ссыдыстæм. Ам дæн мæ бинонтæ æмæ сывæллæттимæ. Уыдонæн дæр ам сæ зæрдæмæ тынг цæуы.

Ирыстоны аив бынæттæ туристтæн цымыдисаг сты, йæ æрдзон рæсугъддзинад та сæ дисы æфтауы. Цъæйы цъититæ æмæ къæдзæхтæм кæсгæйæ туристтæм фæзыны уæлмонц æнкъарæнтæ. Кæд ацы сезоны æргътыл гыццыл бафтыд, уæддæр уазджыты нымæц нæ къаддæр кæны. Се ‘хсæн Мæскуы, Петербург, Башкортостан, Гуырдзыстон, Казахстаны минæвæрттæ. Уæлдай аргъ та йын кæнынц, зымæгон тæссаг спорты хуызтæ чи уарзы, уыдон. Республикæйы сæ нымæц фæфылдæр.

Цъæйы 80% фылдæр сты туристтæ. Иннæтæ та бынæттон цæрджытæ, сæ фылдæр Дзæуджыхъæуæй. Арæхдæр сæ фæллад суадзынмæ Цъæйы коммæ ссæуынц æгас бинонтæй. Кусгæ бонты фæстæ цыбыр рæстæг сæхи аирхæфсынц.Фылдæр фæлварынц зымæгон спорты хуызты, саразынц митын лæгтæ, хъазынц миты къуыбæрттæй. Ам алчидæр йæхицæн зæрдæмæдзæугæ архайд ссардзæн.

Рæтæн фæндаджы дæргъ у дыууæ мин метрмæ ввахс. Алчидæр тырны хæхтæ бæрзæндæй фенынмæ, уый фæстæ та митын фæндагыл æрхизынмæ. Интернет дзы ахсы æппæты бæрзонддæр бынаты дæр. Туристтæ уайтагъд сæ телефонтæм февналынц, комкоммæ эфиры ацы алæмæты бынæттæ февдисынц сæ хæлæрттæн, сисынц цымыдисаг къамтæ æмæ видеоæрмæджытæ. Дыууæрдæм фæндагыл бахъæуы 40 минуты. Къахдзоныгътыл, сноубордыл æмæ дзоныгъыл тезгъо кæнын æхсызгон вæййы, фæлæ, æнæмæнг, хъæуы æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын. Ам уымæ уæлдай бæстон цæстæнгас ис. Цæфтæй хи бахизæн ис сæрмагонд экипировкæйы руаджы. Бынаты йæ ис хаццоны райсæн. Чи фæкæлы, уыдонæн уайтагъд баххуыс кæнынц. Ирвæзынгæнджытæ æппынæдзух рад хæссынц. Ис дзы медпункт дæр.

Ног азы размæ хæхты мит ныууарыд. Цъæйы комы туритсттæн сезон байгом кодтой 30-æм декабры. Цас ахæсдзæн, уый нырма бæлвырд нæу. Кæд мит уа, уæд, гæнæн ис, æмæ мартъийы онг къахдзоныгътыл тезгъо кæнæн уа. Афтæмæй ацы рæсугъддзинæдтæ фенынмæ нырма туристтæн ис æртæ мæйы.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Между двумя мирами I ДОК
30.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 30.10.2026
30.10.2026
Тактика I 29.10.2026
29.10.2026
Подробнее I 29.10.2026
29.10.2026
Самое время I Операции на открытое сердце в республике; реабилитация участников СВО и актуальные новости недели
29.10.2026
29.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
29.10.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон ! I 29.10.2026
29.10.2026
Заур Цоков I Истории из жизни
28.10.2026
Диана Худалова | Дело мастера
28.10.2026
Межконфессиональные отношения I Национальные интересы
28.10.2026
28.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
28.10.2026
Донифарс. Ледник Тана I Вокзал для двоих
27.10.2026
Тамара Аликова I Профессиональный путь
27.10.2026
Ахуыргæнджыты форум, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс æмæ дохтыры хорзæх I Йæ рæстæгыл
27.10.2026
Инвестиции I Разбор полетов
27.10.2026
Все рекомендуемое