Асыгъдæг кæнын, æрæмбырд кæнын æмæ æрцахсын. Гæдзауты Игорь æндадзæн аппаратимæ кæд мæй æмæ æрдæг кусы, уæддæр хорз арæхсы. Зæгъæм ныртæккæ фидæны дæсны æхсидын кæны хæйттæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ам сæйрагдæр тагъдад нæу.
Йæ фыццаг хай дæсны скодта ахуыры дыууæ къуырийы, зæгъы мæй размæ æндадзæджы куыстыл хъуыды дæр нæ кодта. Ахуырадмæ гæсгæ Игорь у физкультурæйы ахуыргæнæг. Фæлвæрдта алыхуызон дæсныйæдты архайын – скъолаты, арæзтадты æмæ ма суанг сæрмагонд техникæйыл дæр. Ахæм фæллойæ бирæ кæй нæ бакусдзынæ, уый куы бамбæрста, уæд сфæнд кодта йæ дæсныйад баивын.
Дарддæр фæнд кæны вахтæмæ бацæуын, кæд æмæ райдианы ног дæсныйадыл фæцахуыр уæвын æнцон нæ уыд, уæддæр. Фæлæ фæлтæрдджын ахуыргæнджыты разамындæй архайд фæтагъддæр. Мæй æмæ æрдæгмæ ахуырдзаутæ цæуынц æндадзæджы куысты бындуртæ — ахуыр кæнынц згъæр æнæбæзгæ хæйттæй хицæн кæныныл, электродтæ æвзарыныл æмæ алыхуызонгæрзтимæ кусыныл. Разамонджыты ныхæстæм гæсгæ, уыдон сты ахсджиагдæр зонындзинæдтæ – дарддæры райрæзт аразгæ у дæсныйæ йæхицæй.
Ныртæккæ техникумы курсы ахуыр кæны 30 адæймаджы. Ахуыргæнджыты ныхæстæм сæ 70% проценты онг фæкусынц дæсныйадмæ гæсгæ. Æдæппæтæй та республикæйы ног квалификаци райсынæн ис 65 программæйы – экскурсоводтæ, программисттæ, электромонтертæ – зæрдæмæдзæугæ куыст равзарæн алкæмæндæр ис.
Дæсныйад баивын зын нæу – хъæуы æрмæст куыстдæттыны службæмæ паспорт, ахуырады диплом æмæ СНИЛС-имæ фæсидын. Центры кусджытæ равдисдзысты хуыздæр гæнæнтæ. Дарддæр уæ бон уыдзæн дæсныйад равзарын.
















