Хæрзхъæддзинад аразгæ у пациентæй. Лаборанты амындзинæдтæ раст куы сæххæст кæна, уæд бæрæггæнæнтæ райсдзысты фыццаг хаттæй. Нæлгоймагæн иртасынц йæ сæры магъз. Сахаты æрдæг хъæуы æнæзмæлгæйæ хуыссын. Æрыдоны рынчындоны томограф нырма ног у. Хæрз æрæджы йæ сæврдтой. Цæгат Ирыстоны хуыздæртæй иуыл нымад у. Немыцаг фирмæйы уагъд, дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн, уымæ гæсгæ снимокты хæрзхъæддзинад дæр бæрзонд у.
Уымæ гæсгæ хæцъæфтæ, сосудтæ, нервыты кæрæттæ иттæг хорз зынынц. Ахæм аппараты аргъ 80 милуан сомæй фылдæр у. Томограф ам сæвæрдтой февралы нацпроект “Здравоохранение”-мæ гæсгæ. Раздæр иу пациентты æрвитын хъуыд Дзæуджыхъæуы клиникæтæм. Ныр ам бынаты лæггад кæнынц Æрыдоны, Алагиры, Дыгуры, Æрæфы æмæ Кировы районты цæрджытæн.
Иртæстыты хатдзæгтæм дардæй цæуын нæ бахъæудзæн. Снимок æд фиппайнæгтимæ дохтыр баххæсдзæн иумæйаг информацион системæмæ. Уымæй уайтагъд фендзæн бынæттон специалист. Иртæстыты хатдзæгтæ скæнынмæ æппæты фылдæр бахъæуы дыууæ боны. Дзугаты Лаурæ йæ куысты сæрæн у, бæрæггæнæнтæ раздæр сцæттæ кæны. Арæхдæр рынчын йæ уавæры тыххæй информаци базоны цалдæр сахаты фæстæ. Афæдзы æрдæгмæ ацы кабинеты æмбæлгæ иртæстытæ скодтой 500 хаттæй фылдæр. Æрвылбон специалисттæ райсынц дæс адæймаджы онг. Лæггæдтæ сты лæвар, кæнынц сæ æнæмæнг медицинон фæдзæхстады полисмæ гæсгæ.
















