Æрыгон ахуыргæнджытæ исдзысты дæсны æххуыс «Ахурады системæйæн кусджытæ цæттæ кæныны» регионалон проекты фæлгæты. Пилотон проекты бацархайдзысты 20 скъолайы.
Йæ фæлтæрддзинад бæрзонд кæмæн у, уыцы ахуыргæнджытæ фæкæсдзысты ацы дæсныйады нырма фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонмæ. Уый, сæ хъуыдымæ гæсгæ, хорзы рдæм фæбæрæг уыдзæн сæ дæсныдзинадыл. Сæрмагонд проекты разамонæг Гæджиты Аланæ куыд загъта, афтæмæй ахæм æххуыс пайдайаг у. Уыцы æмархайд парахат кæнынæн нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад æрхъуыды кодта программæтæ, методикон æрмæджытæ æмæ æмбæлгæ амындтытæ. Программæ «Наставничество», зæгъгæ, архайын райдайдзæн ацы аз ноябры. Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, «Ахурады системæйæн кусджытæ цæттæ кæныны» регионалон проект 2-аг хат æххæстгонд цæуы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй.
















