Росстандарт йæхи цæттæ кæны артаджы станцæты куыст сбæрæг кæнынмæ. Иртасдзысты, хæдтулгæты шофыртæн артаг, цас æмбæлы, уыйбæрц ныккæнынц æви нæ, уый. Уый тыххæй «Российская газета»-йæн фехъусын кодта куыстуаты разамонæг Алексей Абрамов. Куыд загъта, афтæмæй фылдæр се `ргом аздахдзысты колонкæты системæ æмæ сæ бастдзинад станцæйы операторимæ. Цæстдарджытæ сæ хæстæ æххæст кæндзысты “сусæг æлхæнæджы” хуызы. Сæ къухы уыдзæн, артаг фаг кæй нæ ныккодтой, уый бæрæггæнæг кусæнгарз.
Уый иртасы, артаджы бæрц æмбæлгæ бæрцæй 1 процент каддæр куы уа, суанг уый дæр. Уæвгæ, артаджы станцæты колонкæтæ æнæзакъон уæлæмхасæнтæй хъуамæ хизой ГОСТы домæнтæ дæр. Йæ тыхы уый ис растдæриддæр 1989-æм азæй фæстæмæ. Фæлæ зæронд кæй сты, уый аххосæй сæ куыст цауд у. Суанг ма сыл уæлдæфы температурæ дæр ахады, æмæ афтæмæй хатт æнæбары шофырты асайынц. Иннæ азы фыццаг æмбисы сæ хъуамæ баивой. Æмткæй райсгæйæ та, иртæстытæм гæсгæ, Уæрæсейы артаджы станцæты 5-æм хайы куыстмæ ис аиппытæ æрхæссæн. Ахæмтæ сты ацы азы бæрæггæнæнтæ. ЦæстдарджытÆ сæ иртæстытæ снысан кæнынц рагацау, артаджы станцæты хицæуттæн сæм сæ бон вæййы сæхи бацæттæ кæнын. Афтæ куы нæ уаид, уæд бæрæггæнæнтæ дæр, æвæццæгæн, æндæрхуызон уаиккой. Уыимæ, шофырты пайдайæн нæ. Æнæрадон иртæстытæ та Росстандартæн йæ бон у æрмæст адæймаджы комкоммæ хъасты фæстæ æмæ Прокуратурæйы барвæндæй аразын.
















