Æмдзæвгæты æмбырдгонды хицау, фысджыты Цæдисы уæнг, телеуынынады амонæг, алыхуызон премиты лауреат. Уыдон иууылдæр – 11-аздзыдæй. Театр «Саби»-йы ацыд «Поэтическая прививка Николь», зæгъгæ, сфæлдыстадон изæр. Бацæттæ йæ кодта æрыгон поэтессæ Плиты Николь. Йæ фыццаг сфæлдыстадон изæр Ирыстоны куыд ацыд, уымæ бакæсæм.
Уарзон поэтты зæрдæмæ хæстæг æмдзæвгæтæ. Сценæйыл Пушкин, Ахматова, Бродскийы уацмыстæ. Уый фæстæ — Никольæн йæхи сфæлдыстад. Куыд зæгъы, афтæмæй, репертуарыл кусгæйæ, къухы бафтыд поэтикон прививкæ рауадзын. Уколы фæстæ цы фæстиуджытæ сæвзæры, уыдонæй тæрсын нæ хъæуы.
Поэтикон изæрыл райдианæй кæронмæ Николь рагацау бакуыста йæхæдæг. Стъолыл хъазæнтæ, уæлæдарæс — алы лыстæгдзинадæн дæр ис йæхи мидис. Сценæйыл хъуамæ уæлдай дзаума ма уа. Æрмæст уарзон талисман.
Ацы бон, чызджы ныхæстæм гæсгæ, зæрдæйы мидтыхстæн бынат нæй. Уæлдайдæр, бирæ адæмы размæ йе сфæлдыстад фыццаг хатт нæ хæссы. Фæлæ фыццаг хатт – Ирыстоны. Йæ мад Зæлинæ сæтты, – зæрдæ æхсайдта. Уымæн æмæ-иу, кæд раздæр мадзаларазæг йæхæдæг уыд, уæд абон та ис аивадуарзæджы бынаты.
Ирыстоны цæрджытæ аивадон изæрмæ билеттæ уайтагъд аскъæфтой. Театр «Саби»-йы уыд аншлаг. Æрыгон курдиаты сфæлдыстад фенынмæ бирæтæ æрбацыдысты æгас бинонтæй. Уæвгæ, Дзæуджыхъæуы ахæм мадзал-изæр снысан кæнын къухы æнцонæй нæ бафтыд. Чызджы аивадон изæртæм æнхъæлмæ кæсынц Мæскуыйы дæр.
Аивадон изæры адæмæй къух бакæнæн кæй нæ уыд, уый тыххæй мадзаларазджытæ сфæнд кодтой ноджыдæр иу концерт скæнын. Æрыгон поэтессæ адæмы размæ рахаста йе ‘мдзæвгæты æртыккаг чиныг. Тагъд рæстæджы рауадздзæн цыппæрæм дæр. Гæнæн ис, æмæ дзы цы уацмыстæ уа, уыдон фыццаг фехъусой Ирыстоны цæрджытæ.
















