Протезтæ сæвæрыны аргъ вӕййы 20-æй 60 мин сомы онг. Пенситӕй 2, науӕд 3 хатты фылдӕр у сæ аргъ. Ацӕргӕ адӕмы бахъӕуы мӕйгӕйттӕ ӕхца фӕстауӕрц кӕнын. Фӕлӕ ныр фӕллойы ветерантӕ ӕмӕ фӕсчъылдымы фӕллойгӕнджытӕн сӕ бон у коронкӕтӕ лӕвар сӕвӕрын.
Наталья Зотовайæн ныридӕгӕн йӕ къухы бафтыд лӕггадӕй спайда кӕнын. ЦИПУ-йы стоматологон центр ын йӕ зонгӕтӕ бацамыдтой. Раздӕр сылгоймаг йӕхи дзӕбӕх кодта сӕрмагонд клиникӕты ӕмӕ йӕ фӕстиуӕгӕй, сӕтты йыл, разы нӕ уыд алы хатт. Ног згъӕркерамикон коронкæты бын йæхи дӕндӕгтӕ фехӕлдысты. Æмæ сæ дзæбæх кæнын бахъуыд.
Лӕвар, сӕйрагдӕр та хӕрзхъӕд. Афӕдзмæ афтӕмӕй дзӕбӕх кӕнын сӕ бон у 100 адӕймаджы бӕрц. Уый тыххӕй хъæуы цæрæн бынатмæ ‘ввахс поликлиникӕмӕ бацӕуын, паспорт, снилс ӕмӕ медицинон полис равдисын. Фæндты — архайд фӕуӕрӕхдӕр кӕнын ӕмӕ лӕггад фылдӕр цӕрджытӕн скæнын ӕнцонвадат.
Лӕвар дзӕбӕх кӕныны фадат ис республикӕйы ӕппӕты дӕрддзӕфдӕр районы цӕрджытӕн дӕр. Фӕллойы ветерантӕ ӕмӕ фӕсчъылдымы фӕллойгӕнджытӕн сæ бон у Мӕздӕджы хӕрзхъӕд лӕггад райсын.
















