Дзæуджыхъæуы ма фыццаг хатт уыдысты хæлардзинады ерыстæ æрыгæтты `хсæн дæр. Архайдтой дзы 7 командæйы: Дзæуджыхъæуы æмæ сыхаг республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ. Уазджытæ сæмбæлдысты Кæсæг-Балхъарæй æмæ Стъараполæй дæр. Ерысты уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой кубоктæ æмæ майдантæй. Мадзал аразджытæ фæнд кæнынц ерыстæ æрвылазон скæнын.
Сæ хъуыдымæ гæсгæ, суинаг футболистæ ахæм турниры руаджы хуыздæр банкъарынц, ерысты архайын куыд ахсджиаг у, уый. Арфдæр банкъарынц командæйы æмархайд, тырнынц спорты бæрзæндтæм.
Мадзал аразæг Фæрниаты Миленæ: «Дзæуджыхъæуы скъолаты футболон командæтæ сыхаг републикæтæм арæх ацæуынц ерыстæм. Уымæ гæсгæ сæ сфæнд кодтам ацы хатт Дзæуджыхъæуы саразын. Уазæгуаты æрбахуыдтам сыхаг республикæты командæтæ æмæ сын футболон бæрæгбон бацæттæ кодтам. Уый бынæттон командæтæн фадат дæтты сæ фæлтæрддзинад фæбæрзонддæр кæнынæн. Сæхи æнкъарынц æцæг футболисттæй».
















