Ӕндӕр темӕтӕм. Регионалон программӕ “Активное долголетие”-йы архайджытӕ фарон систы 15 мин пенсиисӕджы. Уый тыххæй хицауады æмбырды фехъусын кодта Дзанайты Барис. Проект ахæсдзæн 2030 азмӕ. Уӕрӕсейы Фӕллойы Министрады амынддзинадмæ гӕсгӕ фӕуӕрӕхдӕр кодтой мадзӕлтты хыгъд. Ахсджиаг у зондамоныны практикӕтӕ, хистӕр фӕлтӕрӕн уӕлӕмхасӕн ахуырадон гæнæнтæ парахат кӕнын.
Ӕрныхас ма кодтой паддзахадон программӕ “Культурӕйы райрæзт”-ы æххæсткæнынадыл 2030 азмӕ. Паддзахадон ӕххуысы руаджы Цæгат Ирыстоны фӕстаг азты сарӕзтой ӕмӕ рацарæзтой 35 профилон кусæндонæй фылдæр. Ӕхцаввонгады гуырахст та рауад 2 млрд сомӕй уæлдæр. Æппæты æнтысджын проектты хсæн – федералон проект “Кадры для АПК”.
















