Хойраг æмæ хъæууон хæдзарады республикон министрады абон уыдис хатдзæгтæгæнæн æмбырд. Ныхас дзы кодтой, афæдзмæ сæ къухы цы `нтысдзинæдтæ бафтыд, ууыл. Снысан кодтой ног азмæ куысты пълан дæр. Хойраджы æмæ хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг Мæрзойты Хъазыбег куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз Уæрæсæйы хойраджы æмæ хъæууон хæдзарады министрад æмæ республикæйы хицауад бафыстой 5 бадзырды. Сæ фæрцы хъæууонхæдзарадон куыстуæттæн дæтдзысты субсидитæ. Радих сын кодтой 247 милуан сомæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма ныхас цыд халсартæ зайын кæныны куыст парахатдæр кæныныл. Министрады специалисттæ аразынц мадзæлттæ, цæмæй ноджы фылдæр адæм фæразæнгарддæр уой халсартæ зайын кæнынмæ. Уымæй сæхицæн дæр пайда у, иннæмæй та фæлхасгæнджытæм хæццæ кæндзæн бынæттон продукци. Абоны æмбырды ма бæстон æрныхас кодтой дыргъдæтты уавæрыл æмæ се сног кæныныл.
Хойраг æмæ хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг Мæрзойты Хъазыбеш: «Цæмæй нæ дыргъдæттæ уæрæхдæр кæной, уый тыххæй хъуамæ фæсарæйнаг бæстæты продукцийы бæсты фылдæр уадзæм бынæттон продукци. Ацы аз нæ республикæйы хъæууонхæдзарадон кусджытæн алыхуызон дыргътæ æрзайын кæнынæн радих кодтой 342 гектары».
















