preloader
сейчас в эфире
04:58
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДÆ РАЙСОМ ХОРЗ, ИРЫСТОН! 12+
06:45
МУЗЫКÆ 12+
05:15
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
close

Астæуыхъæд дзæбæх кæнынц ног технологитæм гæсгæ

27.12.2017 13:39

Ирыстоны дохтыртæ фылдæр кæнынц сæ фæлтæрддзинад.

Ирыстоны дохтыртæ фылдæр кæнынц сæ фæлтæрддзинад. Сæ ныфс хæссынц, Уæрæсейы бирæ дзæбæхгæнæндæтты цы нæма кæнынц, ахæм операцитæм. Æмæ сын æнтысгæ дæр кæны! Æвзыгъд специалисттæ дыууæ сахатмæ сæ къæхтыл слæууын кæнынц, бирæ азтæ сæ астæустджыты низæй йæ бон цæуын кæмæн нал вæййы, уыдоны.

Цавæр мадзæлттæй пайда кæнынц Авиценнæйы фæдонтæ, æмæ ма нын цы ногдзинæдтæ равдисдзысты? Уый зонынц не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ.
Уæззау операци, дыууæ боны реабилитацигæнæн мадзæлттæ, æмæ рынчын йæ къæхтыл слæууыди. Нырма уал Хуыгаты Нугзар къахдзæфтæ хъавгæйæ кæны, фæлæ йæхи æнкъары бирæ хуыздæр.

Мæ астæуыхъæд рагæй рысти. 7- 8 азы тухæнтæ фæкодтон. Ныббыхсæн ын зынтæй уыди. Ныр мæ зæрдæ дарын, æмæ ма мæ дохтыримæ футболæй дæр кæй ахъаздзынæн.

Æрæджыдæр ма бауырнинаг цы нæ уыди, ныр уыцы хабæрттæ æрцыдысты. Нырыккон кусæнгæрзтæй архайыны тыххæй ирыстойнаг дохтыртæ Уæрæсейы клиникæты ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Дзырдæн зæгъæм, чысыл имплантант “кейдж” бавæрынц рынчыны астæухъæды стджыты `хсæн. Кæд раздæр ахæм операци скæныны тыххæй дохтырты рынчыны синты стæгæй ралыг кæнын хъуыди, уæд ныр уыцы стæг ивынц имплантантæй, æмæ адæймаджы дыууæ хатты лыг кæнын нал бахъæуы. Ирыстоны ахæм ног хуызы операцитæ скодтой 100-йæ фылдæр. Се `ппæт дæр рауадысты æнтыстджын.

Ног азы фæстæ нæ республикæйы кæнын райдайдзысты лазерон операцитæ. операцитæ цæудзысты 10- 15 минуты. Райсын дзы хъæудзæн квотæтæ.

Йæ астæуыхъæды низæй чи сæйы, уыдоны дзæбæх кæндзысты квотæтæм гæсгæ. Дæттынц сæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй рынчыны сдзæбæх кæныны хъуыддаджы сæйрагдæр у низ афойнадыл раиртасын. Уый дзы куы нæ уа, уæд адæймагæн цыфæнды ног технологитæ дæр зынтæй баххуыс кæндзысты.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Сергей Томаев I Дело мастера
27.05.2026
Доброе утро, Осетия I 27.05.2026
27.05.2026
Хъуырман, скъолайы рауагъдонтæ æмæ бурхил адæмы бон | Йæ рæстæгыл
26.05.2026
Нузал I Вокзал для двоих
26.05.2026
Марина Айлярова I Профессиональный путь
26.05.2026
Ипотека, кредитные карты, рассрочки I Разбор полетов
26.05.2026
26.05.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
26.05.2026
Фæрдгуытæ
25.05.2026
25.05.2026 I Самое время
25.05.2026
Доброе утро, Осетия! I 25.05.2026
25.05.2026
В итоге: 24.05.2026
24.05.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 24.05.2026
24.05.2026
Чеджемты Æхсар I Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин
23.05.2026
Сæрмæтаг археологийы тыххæй, фестиваль «Бонвæрнон» æмæ проект «Фыдæлты Хæдзар» I Йæ рæстæгыл
22.05.2026
Хæдзарадон I 22.05.2026
22.05.2026
Все рекомендуемое