Фæткхæлды тыххæй адæймаджы ма фæивар кæнын, фæлæ аиппытæ аиуварс кæнын. Афæдзы райдайæнæй специалисттæ ахицæн кодтой газы 906 приборы. Аххосаг уый мидæг ис, æмæ, сертификат кæмæн нæй ӕмӕ аварион чи у, ахæм ифтонггæрзтæй пайда кæнынц цæрджытæ, стæй гæрзтæ дæр æдасдзинады домæнтæм гæсгæ нæ сæвæрынц. Ахæм уавæртæ, гæнæн ис, æмæ æбуалгъ фæстиуджытæм расайой. Ӕнæнхъæлæджы цау ма ‘руадзын æмæ къуылымпыдзинæдтæ фæнысан кæныны тыххæй хæдзæрттыл зилынц Æнæхъæлæджы уавæрты министрады æмæ Газы службæйы кусджытæ.
Ахæм басгæрст сарæзтой Суворовы номыл уынджы æппæт цæрæнуæтты дæр. Сбæрæг кодтой ифтонггæрзты уавæр, æркастысты газы хæтæлтæм, куыд æддейӕ, афтæ хæдзæртты мидæг дæр. Аиппытæ аиуварс кодтой бынаты, фæлæ, æвæстиатæй срастгæнæн кæмæн нæй, ахæм къуылымпыдзинæдтæ дæр разыны. Уæд рафыссынц сӕрмагонд гæххæтт, газ ахицæн кæнынц æмæ специалистмæ бадзурынц.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ ацы аз 13-æм хатт рацыдысты рейды. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг рæстæг фæфылдæр, сыгъдхъæстæ чи фæци, ахæм адæмы нымæц. Цæрджытæн радзырдтой, фыдбылыз ма ‘руадзыны мадзæлтты тыххæй. Газы техникæ хъæуы æвæрын æппæт домæнтæ æххæстгæнгæйæ.
Газæй ифтонгады хъуыддаджы æдасдзинадмæ уæлдай цæстдард хъуамæ уа. Фæлæ, хъыгагæн, ацы хъуыддагмæ бирæтæ куыдфæндыйы цæстæй кæсынц. Сæ ифтонггæрзтæн не скæнынц техникон æркаст. Ацы мадзал цард бахъахъхъæныны тыххæй æнæмæнг кæй у, уый бамбарын кæныны фæдыл æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æмæ Газпромы кусджытæ рацæуынц рейдты.
















