Ацы азы райдианæй фæстæмæ цæстдарæн кусæндæтты уынаффæтыл тæрхондоны агъоммæ хъаст бахæссыны фæтк суыдзæн æнæмæнг кæнгæ. Амалхъом адæмæн уый сæ бон бакæнын уыдзæн «Паддзахадон лæггæдты» сайтыл. Хъастмæ æркæсдзæн, кæуыл æй балæвæрдтой, уыцы цæстдарæн кусæндоны разамонæг. Уымæн фадат куы нæ уа, уæд та йæ къæпхæнмæ гæсгæ уæлдæр кусæндоны минæвар.
Афтæмæй хъасты аккаг бæлвырд адæймаг уымæ ницы бар дардзæн. Амынд фæткæй пайда кæнын райдыдтой ивгъуыд азы июлы. Уæдæй фæстæмæ йӕ фӕрцы сӕ бартӕ бахъахъхъӕдтой 5 мин адæймаджы. Хъасты фæдыл уынаффæйы рæстæг дæр цыбырæй-цыбырдæр кæны — 13 бонæй уал æркъаддæр 10 бонмæ. Уæвгæ та йыл закъонмӕ гӕсгӕ æмбæлы 20 боны онг хардз кæнын.
















