Афæдзы райдианæй Цæгат Ирыстоны бюджетæн туризм æрхаста 460 милуан сомы. Æппæты фылдæр фæрæзтæ раздæхтой æхсæнадон хæлцады æмæ фысымуæтты лæггæдтæ. Индустрийæ сси республикæйы экономикон райрæзты ахсджиаг æууæл. Сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы къабазы фæрцы фæзынд куысты бынæттæ, æххуыс у чысыл æмæ астæуккаг амалхъомады райрæзтæн. Æппынæдзух æфтиæгты ‘руаджы та хуыздæр кæндзæн социалон инфраструктурæ. “Туризм æмæ уазæгуарзондзинады индустирийы” æнтыстджын архайды фæлгæты та къухы бафтыд туристты нымæц фæфылдæр кæнын. Январæй октябрьмæ Цæгат Ирыстон бабæрæг кодтой милуан адæймагмæ хæстæг.
















