Абоны сæйраг цау. Гыццыл раздæр ахицæн Президент Владимир Путины йæ бынаты снысан кæныны кадджын мадзал.
Владимир Путин ард бахордта Кремлы стыр галуаны. Йæ раныхасы бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы цæрджытæн, æвзæрстыты рæстæг йæ фарсмæ кæй балæууыдысты, уый фæдыл. Сæрыстыр у Уæрæсейæн лæггад кæнын йæ бон кæй у, уымæй. Куыд нæ бæстæйы разамонæг, афтæ йæ хæсыл нымайы адæмы иудзинад, æнусон хæзнатæ æмæ традицитæ бахъахъхъæнын. Уæрæсе хъæддыхæй кæсы фидæнмæ, йæ адæм алкæддæр уыдысты фидар æмæ хъæбатыр. Сæ фарсмæ та æмдзу кæны Уæлахиз.
















