Цæгат Ирыстон дæр бацархайдта æппæтуæрæсеон акци “Уазæгуаты ветеранмæ”-йы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Пагæты Алыксандрæн Уæлахизы Боны агъоммæ арфæ ракодтой Цæгат Кавказы федералон зылды национ ахастдзинæдты федералон агентады регионты ‘хсæн управленийы сæргълæууæг Сергей Разживин æмæ республикæйы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъаиты Алан. Ветеранæн радтой бузныджы фыстæг æмæ лæвæрттимæ чыргъæд.
Акци “Вальс Победы”-йы фæлгæты та 38-æм скъолайы ахуырдзаутæ акодтой хæстон зарджытæ, кафыдысты националон кæфтытæ, стæй æнæмæнг вальс. Уый фæстæ Пагæты Алыксандр аныхас кодта фæсивæдимæ, мадзал аразджытæн бузныг загъта ветеранты кæй нæ рох кнынц, уый тыххæй.
















